филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:29 воскресенье, 01 февраля 2026
21 марта 2023, 11:32
Дыгуры районы сывæллæтты экологон театр равдыста премьерæ – спектакль «Цыганское дерево»

Архайдтой дзы Дигорайы 3 скъолайы ахуырдзаутæ

Дыгуры районы сывæллæтты экологон театр равдыста радон, 5-æм премьерæ – спектакль «Цыганское дерево». Архайдтой дзы Дигорайы 3 скъолайы ахуырдзаутæ. Кадджын уазджыты хсæн Дыгуры районы сæргълæууæг Цагъаты Сослан. Сывæллæтты экологон театр  Дыгуры æвзонг натуралистты станцæйы педагог Елбайты Агнессæйы разамындæй кусы 4 азы. Спектакльты чысыл артисттæ аивады æвзагыл, зарджыты æмæ кæфтыты фæрцы радзурынц ахсджиаг фарстаты тыххæй.  Премьерæтæ арæхдæр вæййынц Дигорайы 3-æм скъолайы. Театралон студийы фылдæр архайджытæ уым ахуыр кæнынц. Сæ педагогимæ ма рæзгæ фæлтæр бабæрæг кæнынц сидзæр сывæллæтты хæдзар «Надежда» Дур-Дуры. Фарон та Цæгат Ирыстоны Донбассæй цы сывæллæттæ уыд, уыдонæй равдыстой спектакль «Али-Баба æмæ æрдзы 40 хъахъхъæнæджы».

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania