филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:21 суббота, 28 сентября 2024
10 июня 2021, 13:57
Дыгуры районы цæрджытæ тыхсынц дзæгъæл цæрæгойты фарстайæ

Суанг ма социалон хызты апарахат хъусынгæнинаг, зæгъæ дзæгъæл куыйтæ хæдзарон фосмæ балæбурынц

Фæстаг рæстæг Дыгуры районы цæрджытæ тыхсынц дзæгъæл цæрæгойты фарстайæ. Суанг ма социалон хызты апарахат хъусынгæнинаг, зæгъæ дзæгъæл куыйтæ хæдзарон фосмæ балæбурынц. Æхсæнады уæнгтæ ацы фарстамæ сæ цæстæнгас раздæхтой, æмæ цавæр хъуыдымæ æрцыдысты, уый тыххæй бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Ацы куыйтæ фыццаг бакастæй сты зæрдæмæдзæугæ, фæлæ фæстаг рæстæг Дыгуры районы цæрджытæ æрмæст сæ койæ дæр фесхъиуынц. Æххормаг куыйты балтæ æвиппайды атымбыл вæййынц адæймагыл æмæ йыл кæд хæцгæ нæ фæкæнынц, уæддæр æй фæтæрсын кæнынц.
Адæм æмызмæлд бакодтой Дигорайы цæрæг Бабайты Батрадзы хъусынгæнинаджы фæстæ. Уый социалон хызты уылты фехъусын кодта, куыйтæ йын йæ фысты кæй бахсыдтой, уый тыххæй. Хъыгагæн, ахæм фыдбылызтæ стæм не сты.

Æхсæнады цæстæнгас уыцы фарстамæ чи раздæхта, уыдонæн сæ фыццаг у Елбайты Ларисæ. Уый цæрæгойтæн сарæзта диссаджы дарæн бынат. Ацы куыдз хуыйны Линдæ æмæ ам цæры æхсæрдæс азы, Елбайты Ларисæ ацы бынат куы сарæзта, уæдæй фæстæмæ. Уыцы рæстæгмæ ацы бынат суазæг кодта æртæ мин цæрæгойы. Ам сæ хæдзар ссардтой сæдæ гæдыйы æмæ дæс куыдзы. Вæййы æмæ æрбахæссынц дзæгъæл цæрæгойты дæр. Уыдон фæдарынæн та æдзухдæр хъæуынц фæрæзтæ.

Ахæм уавæр сæвзæрд, Дыгуры районы хицауад фарстамæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсы, уый тыххæй — зæгъынц бынæттон цæрджытæ. Хъæппæрисджын къорд та уавæр аивынмæ хъавы йæхи тыхтæй.

Хицауады минæвæрттæ ныртæккæ архайынц фарста алыг кæныныл. Фæлæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы нысантæн æхца нæ фаг кæны.

Районы дзæгъæл цæрæгойтæ дарынæн бынат куы саразиккой, уæд уавæр бæргæ фæхуыздæр уаид. Фæлæ уый нырма тæгъдты нæ уыдзæнис. Уæдмæ та уал Дигора æмæ хæстæгдæр хъæуты цæрджытæ фарста лыг кæндзысты карз æмæ æгъатыр мадзæлттæй. Дзæгъæл цæрæгойтæ чи цæгъды, уыдоны карз æфхæрынц закъоны бындурыл. Фæлæ уый, хъыгагæн, уавæр нæ аивдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania