филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:23 воскресенье, 14 декабря 2025
24 июня 2014, 11:07
Дыгуыры районы цæрджытæ разы не сты бынæттон администрациимæ, сæ фос хизынæн сын цы зæххытæ уыд, уыдон хуым кæнынмæ кæй дæттынц, уыимæ

Кадавар зæххытæ. Дыгуры районы цæрджытæ разы не сты бынæттон администрациимæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ раздæры бынæттон совхозы зæххыты хъуамæ хиза сæ фос, районы разамынд та сæ дæтты хуым кæнынмæ.

73136
Кадавар зæххытæ. Дыгуры районы цæрджытæ разы не сты бынæттон администрациимæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ раздæры бынæттон совхозы зæххыты хъуамæ хиза сæ фос, районы разамынд та сæ дæтты хуым кæнынмæ. Адæм дарддæр нал быхсынц æмæ агуырынц мадзæлттæ.

Дыгуры районы Цæголы-фырты номыл совхозмæ Томайты Майæйы цардæмбал кусынмæ бацыд 14-адзыдзыд лæппуйæ. Советон цæдис куы нал уыд, уæд совхозы куыст дæр бамынæг. Йæ фæллойгæнджытæм цы зæххытæ хаудысты, уыдон дæр сын нæ радтой. Ныртæккæ бинонтæ дарынц фос æмæ уымæй цæрынц. Фæлæ сæ фæстаг рæстæг тас бацыд, сæ фосы хизæнтæ дæр сын куы байсой, уымæй.

Томайты Майæ, Дигорайы цæрæг: «Цы ма нын баззад, уый ацы хизæнтæ. Куыст нын нæй æмæ мах иууылдæр цæрæм фосы куыстæй. Æмæ ныны уый дæр нал уадзынц. Цы кæнынмæ нын хъавынц. Куыд хъуамæ цæрæм?».

Ацы 195 га раздæр уыдысты совхозы бæрны. 20 азы дзы хизынц хъæуы цæрджыты фос. Зæххытæ сын байсынмæ хъавынц, зæгъгæ куы фехъуыстой, уæд кæй дуарæй нæ бахызтысты, курдиат кæмæ нæ ныффыстой, ахæм нал баззад. Фæлæ хъуыддаг къуырццæвæнæй нæ хизы.

Елойты Артур, Дигорайы цæрæг: «4 азы цæуæм нæ хицæуттæм, фæлæ нын ницы зæрдæ æвæрынц. Кæмæндæрты ацы зæххытæ арендæйы радтой. Æмæ ныр 2,3.4 адæймаджы пайда исдзысты, мах та æнæ хизæнтæй баззайдзыстæм. Уый куыд хъуамæ уа? Ардæм цал хатты æрбацыдыстæм, иунæг хатт дæр нын бæлвырд дзуапп ничи радта. Цыма хъуыддаг нæ зонынцю сæхи афтæ дарынц. Æмæ мах дæр нал фæраздзыстæм».

Ацы хатт фембæлдысты Дыгуры районы сæргълæууæг Мæрзойты Хъазыбегимæ. Администраци росреестрæй цы гæххæттытæ райста, уыдонмæ гæсгæ сын æмбарын кæны – зæххытæ æрцæудзысты хуымгонд. Фæлæ адæммæ куыд кæсы, афтæмæй ацы документтæ раст не сты.

Гæгуылаты Марат, Дыгуры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Ацы зæххыты, æцæгæйдæр, цалдæр азы размæ лæвæрд æрцыдысты арендæйы. Уый адæмы зæрдæмæ нæ фæцыд. Æмæ ныр мах дæр архайæм сæ бартæ бахъахъхъæныл. Ацы хате дæр аныхæстæ кодтам. Æмæ кусдзыстæм цæмæй алцыдæр уа закъонмæ гæсгæ. Тæрхондонмæ дæр арвыстам гæххæттытæ, фæлæ уым рахæцыдысты арендаторты фарс. Уынаффæ уыдоны пайдайæн рахаста».

Цæрджытæ ацы уынаффæимæ разы не сты. Районы разамындимæ сæ ныхас кæрæдзиуыл нæ бады. Æмæ сæ бамбарæн дæр ис, – æрмæст сæ хæдзары фосы куыстæй чи цæры, уыдонæн ныр уыцы фадат дæр нал ис. Цæрджытæ хъаст ныффыссыны фæнд кæнынц тæрхондонмæ æмæ УФ-йы президенты исæнуатмæ дæр.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania