филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:22 воскресенье, 29 сентября 2024
08 сентября 2014, 17:30
Дыккаг аз Дзæуджыхъæуы Первомайскийы уынджы 42-æм хæдзары цæрджытæ тыхсынц сæ пъадвалы æвзæр уавæрæй

Бырæттæ, тæфгæнаг дон, къогъотæ æмæ хæфсытæ. Хæдзары цæрджытæ иумæйаг хъаст бахастой Цæрæн-коммуналон арæзтады куыстуатмæ. Уым сын уавæр аивынæй зæрдæ бавæрдтой. Уæвгæ, фарста алыг кæнын кæмæ хауы, уыдон ыл бакусдзысты

74157
Дыккаг аз Дзæуджыхъæуы Первомайскийы уынджы 42-æм хæдзары цæрджытæ тыхсынц сæ пъадвалы æвзæр уавæрæй. Бырæттæ, тæфгæнаг дон, къогъотæ æмæ хæфсытæ. Хæдзары цæрджытæ иумæйаг хъаст бахастой Цæрæн-коммуналон арæзтады куыстуатмæ. Уым сын уавæр аивынæй зæрдæ бавæрдтой. Уæвгæ, фарста алыг кæнын кæмæ хауы, уыдон ыл бакусдзысты, фæлæ йæ цалынмæ цæрджытæ сæхæдæг нæ бамбарой, сыгъдæг уæлдæф æмæ сыгъдæгдзинад сæхицæй аразгæ дæр у, уæдмæ уавæр хуыздæрырдæм нæ аивдзæн.

Бырæттæ, тæфгæнаг дон, къогъотæ æмæ хæфсытæ. Æппæт ацы хабæрттæ фенæн ис Первомайскийы уынджы 42 хæдзары пъадвалы. Ахæм уавæрты адæм ныр цæрынц дыккаг аз. Галина Кудрявцева хæдзары цæрджыты номæй иумæйаг хъаст бахаста Цæрæн-коммуналон арæзтады куыстуатмæ. Уым сын уавæр аивынæй зæрдæ бавæрдтой, фæлæ дыууæ къуыримæ нырма ивддзинæдтæ не рцыд. Разамынддæттæг компанийæ дæр сæм ничи æрбацыд. Пъадвалæй цæуы æвзæр тæф. Йæ дуар кæддæриддæр вæййы гом. Цалдæр мæйы размæ канализацион хæтæл фехæлд, æмæ ныр æппæт хауæддзæгтæ цæуынц пъадвалмæ. Доны хæдзарады кусджытæ дыууæ мæйы размæ канализацион хæтæл сцалцæг кодтой. Фæлæ ууыл сæ куыстытæ фесты. Дзыхъ дæр нæ сæхгæдтой, зæронд хæтæл дæр бынатæй нæ аластой. Уымæн Цæрæн-коммуналон арæзтады куыстуаты специалисттæ радтой ахæм дзуапп, ома хæдзары цæрджытæ техникон лæггæдтæн нæ фидынц. Сæ иумæйаг хæс фароны июлæй ацы азы сентябры онг у 800 мин сомы.

Хуыцъистаты Ларисæ: «Техникон лæггæдтæн фыстон, куыд æмбæлы, афтæ. Квитанцитæ дæр нæм ис. Фæлæ ныр та цæмæн фидæм?»

Хъуылымбегты Изольдæ: «Æвзæр тæф нæ тыхсын кæны. Махæй цы аразгæ у, уый бакодтам».

Уый нæ хынцгæйæ бæрнон кусджытæ фарста алыг кæныныл архайынц, æрмæст, зæгъынц, хъæуы банхъæлмæ кæсын.

Лацойты Зауыр, разамынддæттæг компанийы участочы мастер: «Пъадвалы хъуамæ дон бахус уа. Уымæн хъæуы рæстæг. Цы хауæддзæгтæ дзы ис, уыдон донцъирæнæй айстам. Ныр ма хъæуы банъæлмæ кæсын, дыууæ къуырийы бæрц. Раздæр нæ рауайдзæн».

Фæлæ уый дæр æвзæр тæф айсынæн нæ баххуыс кæндзæн. Хæдзары цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ пъадвал сси къанауы хуызæн. Фарста алыг кæнын кæмæ хауы, уыдон ыл бакусынæй зæрдæ бавæрдтой, фæлæ йæ цалынмæ цæрджытæ сæхæдæг нæ бамбарой, сыгъдæг уæлдæф æмæ сыгъдæгдзинад сæхицæй аразгæ дæр у, уæдмæ уавæр хуыздæрырдæм нæ аивдзæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania