филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:26 среда, 13 ноября 2024
09 ноября 2024, 11:55
Дыууæ азмæ республикæйы хъæуты фельдшерон-акушерон пунктты байгом 80 афтекæй фылдæр

Дыууæ азмæ республикæйы хъæуты фельдшерон-акушерон пунктты байгом 80 афтекæй фылдæр

Дыууæ азмæ республикæйы хъæуты фельдшерон-акушерон пунктты байгом 80 афтекæй фылдæр. Ис дзы, æппæтæй тынгдæр чи хъæуынц, уыцы медикаменттæ. Цавæрдæр препарат куы нæ вæййы, уæд æй гæнæн ис заказ скæнын. Цæрджытæн ахæм фадат кæй фæзынц, уый сын æхсызгон у. Нал сæ хъæуы хостæм Дзæуджыхъæумæ кæнæ райцентртæм цæуын. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ахæм афтекты пунктты ис æппæт хъæугæ хостæ. Цавæрдæр хъæугæ препарат куы нæ уа, уæд æй ис сзаказ кæнын фармацевты амындмæ гæсгæ. Уый тыххæй хъæуты, сæ хыгъды дæрддзæфты, цæрджытæ дæр æрбацæуынц фельдшерон-акушерон пунктмæ, специалист та арвиты курдиат районы рынчындонмæ, кæнæ æмгуыстады бадзырд цы афтекимæ ис, уырдæм. Уым радих кæнынц хъæугæ медикаменттæ æмæ сæ заказгæнæгмæ фæхæццæ кæнынц. Фыййаджыбылы афтечы пункт бонмæ бабæрæг кæны 6-7 адæймаджы. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм хуызы хостæ исыны фадат кæй ис, уый ахсджиаг у.

Фыййаджыбылы афтечы пункт кусы æрвылбон. Уæдæ заказгонд хостимæ дæр машинæ æрбацæуы алы бон дæр.

Зæронд Бæтæхъойыхъæуы дæр æххæст кæнынц адæмы æппæт хъæугæ хабæрттæ. Фельдшерон-акушерон пункт ам сцалцæг кодтой 3 азы размæ. ФАП-ы гæнæн ис иртæстытæ скæнын æмæ дохтыры амындтытæ райсын.

Фæстаг 2 азмæ республикæйы хъæуты байгом 80 афтекæй фылдæр. Хъæугæ препарат сказаз кæныны гæнæн кæй ис, уый та ма зынгæ фæхуыздæр кодта медицинон æххуысы хæрзхъæддзинад.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania