филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:12 воскресенье, 19 мая 2024
10 марта 2022, 13:28
Дыууæ азы цалцæггæнæн куыстыты фæстæ, театр «Саби» байгом кодта йæ дуæрттæ театрдзаутæн

Алæмæты бæстæмæ та хонынц сывæллæтты

Баба-Яга, Леший, Кощей-Бессмертный. Æппæт адæмæн зонгæ хъайтартæ та ногæй сценæйы. Дыууæ азы цалцæггæнæн куыстыты фæстæ, театр «Саби» байгом кодта йæ дуæрттæ театрдзаутæн. Алæмæты бæстæмæ та хонынц сывæллæтты. Ног кусæнгæрзтæ  æмæ алы хуызы уæлæдарæс – æппæт уыцы хъуыддæгты фæрцы фæфылдæр сфæлдыстады æмвæзад. Театр байгом кæныны мадзал арæзт æрцыд,  зæрдæхæлардзинад фыдмийыл æппын æдзух кæй уæлахиз кæны, уый. Барахъты Амзоры æвæрд   «Волшебное зелье»-йы  Баба-Ягайы фæнды  Иваны  зынджы принц скæнын, йæ зæрдæ йын смæсты кæнын, фæлæ Иваны зæрдæ цæхгæр лæууы уыцы æвирхъау урокты ныхмæ.  Режиссерты фæндыд кæнгæ митæй иуварс ацæуын, се ргом раздахын лæмбынæг темæмæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania