филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:31 суббота, 21 сентября 2024
27 июня 2019, 12:10
Дыууæ боны балц æрдзы хъæбысмæ сывæллæттæн балæвар кодтой мæздæджы хъазахъхъæгтæ Епархиимæ иумæ

Хъазæхъхъæгты къорды сывæллæттæ æмæ дины скъолайы хъомылгæнинæгтæ цардысты цатырты, цыдысты балцы, стæй архайдтой ерысты.

Дыууæ боны балц æрдзы хъæбысмæ сывæллæттæн балæвар кодтой мæздæджы хъазахъхъæгтæ Епархиимæ иумæ. Хъазæхъхъæгты къорды сывæллæттæ æмæ дины скъолайы хъомылгæнинæгтæ цардысты цатырты, цыдысты балцы, стæй архайдтой ерысты. Чызджыты ахуыр кодтой бынатимæ зонгæ кæныныл, æмæ æрдзон уавæрты хæринаг кæныныл. Дыккаг бон сæм æрбацыдысты Мæздæджы хæлардзинады хæдзары минæвæрттæ. Конкурстæ æмæ викторинæты рæстæг сывæллæттæ равдыстой сæ зонындзинæдтæ хъазæхъхъæгты историйæ, стæй Кавказы цæрæг адæмыхæттыты традициты тыххæй. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania