Адджинæгтæ æмæ арфæйы фыстæджытæ арвыстой республикæйы æппæт районтæм
Дыууæ мин сывæллонæй фылдæр, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæй, стæй ма сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты кæстæртæ райстой Ног азы лæвæрттæ Мæхъиты Зурабæй. Адджинæгтæ æмæ арфæйы фыстæджытæ арвыстой республикæйы æппæт районтæм. Лæвæрттæ сывæллæттæм бахæццæ кæныныл бацархайдтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы волонтертæ. Ахæм акци Паддзахадон Думæйы депутат æмæ хæрзаудæн фонд «Фарн»-ы бындурæвæрæг Мæхъиты Зураб скæны алы аз дæр. Фæкæсынхъуаг æмæ бирæсывæллонджын бинонты хыгъдтæ та йæм æрвылаз бадæттынц социалон лæггæдты комплексон центртæ.
Æрсыты Анжелæ: «Хуыцау уын раарфæ кæнæд, кæй нæ æрхъуыды кодтат, уый фæдыл. Ног Азы хорзæх уæ уæд. Нæ депутатæн дæр йæ цæрæнбон бирæ уæд. Æгайтма нæ нæ рох кæны».
Туаты Эммæ, парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Дзæуджыхъæуы Цæгат-Хурныгуылæн районы æххæстгæнæн секретарь: «Ацы лæвæрттæ нын æрбарвыстой Мæскуыйæ, нæ депутат Мæхъиты Зураб. Тынг æхсызгон нын у, ахæм лæвæрттæ нын кæй æрбарвыста нæ горæты бинонтæн».




