Ацы аз турниры уыд æппæтæй фылдæр архайджытæ – 800 адæймагæй фылдæр бæстæйы алы регионтæй
Дыууæ сыгъзæрин майданы рамбылдта Цæгат Ирыстоны командæ тхэквондойæ, Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерысты. Уыдысты Краснодары крайы. Ацы аз турниры уыд æппæтæй фылдæр архайджытæ – 800 адæймагæй фылдæр бæстæйы алы регионтæй. Не спортсменты æнтыстдзинæдты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Алина Геворгян тхэквондойы секцимæ æрбацыд йæ хистæр æфсымæры фæдыл. Ныр 8 азы иумæ хизынц ацы спорты бæрзæндтæм. Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны турниры та Алина командæйы хыгъдмæ бахаста сыгъзæрин майдан. Ацы азы фыццаг стыр ерыстæ йын æрмæст уæлахиз нæ радтой, фæлæ ма бынат Уæрæсейы иугонд командæйы.
Иу сыгъзæрин майдан ма рамбылдта Хуыбаты Батрадз. 16-аздзыд юниор профессионалон спорты ис 4 азæй фæстæмæ. Архайдта бирæ æппæтадæмон ерысты. Батрадз у Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны турниры 3 хатты призер. Ацы хатт фæхуыздæр кодта йæхи бæрæггæнæнтæ æмæ фыццаг хатт схызт пьедесталы бæрзонддæр къæпхæнмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй ахадгæйæ цæттæ кодта йæхи.
Ерыстæ уыдысты Краснодары крайы. Ацы аз турниры уыд æппæтæй фылдæр архайджытæ – 800 адæймагæй фылдæр бæстæйы алы регионтæй. Цæгат Ирыстонæй дзы уыд 12 спортмены.
Ныртæккæ спортментæ цæттæ кæнынц иннæ стыр ерыстæм. Ноябры Швейцарийы уыдзæн Европæйы чемпионат. Уæдмæ та ма тхэквондисттæм æнхъæлмæ кæсынц 3 уæрæсейаг æмæ 2 æппæтадæмон æмбырды.




