филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:03 воскресенье, 01 февраля 2026
07 апреля 2023, 10:55
Дыууæ уынджы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, сæ кæртытæ сын кæд сцалцæг кæндзысты, уымæ

Куыстытæ цæуынц программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ

Дзыхъхъытæ асфальт, æдзæллаг хъазæн фæз æмæ бырæттæ. Дыууæ уынджы бирæфатерон хæдзæртты цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц, сæ кæртытæ сын кæд сцалцæг кæндзысты, уымæ. Куыстытæ цæуынц программæ «Горæты æнцонвадат архайд» æххæст кæнгæйæ. Цавæр зындзинæдтæ ис Марковы уынджы æмæ Доваторы проспекты хæдзæртты цæрджытæм, стæй кæд æрхæццæ уыдзæн сæ рад, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Марковы уынджы хæдзары цæрджытæ цалдæр азы дæргъы фыссынц курдиæттæ, цæмæй сын сæ кæрт сцалцæг кæной, уый тыххæй. Асфальт рагæй нæ ивтой. Дзыхъхъытæ бамбæрзтой адæм дзы сæхæдæг ныккалдтой хуыр, фæлæ ахæм фæндæгтæ бынтон хорз не сты. Хæдзары цæрджытæн сæ бон куыд у, афтæ зилынц сæ кæртмæ, фæлæ дзы уæддæр хъæуы бындурон цалцæг. Фæндæгты дзыхъхъытæ хъыгдарынц куыд машинæты, афтæ фистæгæй цæуæг адæмы дæр.

Алыхуызон кæртытæ, фæлæ иумæйаг лыггæнинаг фарста. Доваторы проспекты хæдзары цæрджытæ дæр афтæ æнхъæлмæ кæсынц сæ кæрты цалцæггæнæн куыстытæм. Лыггæнинаг фарстатæй иу – сывæллæттæн хъазæн фæз кæй нæй, уый. Ацы хæдзары Мамыкъаты Светланæ цæры 1988-æм азæй фæстæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй адæм курдиæттæ ныффыстой профилон комитеттæм, горæты администрацимæ, фембæлынц хицауады минæвæрттимæ. Фæлæ ивддзинæдтæ нæма рцыдысты.

Кæртытæ цалцæг кæнынц программæ «Горæты æнцонвадат архайд»-мæ гæсгæ. 5 азмæ программæйы фæлгæты сцалцæг кодтой 400 кæртæй фылдæр. Алы аз дæр – 50 кæрты.

Æрбахæццæ кæны сæрд, уый та дзурæг у ууыл, æмæ сывæллæттæ фылдæр рæстæг æрвитдзысты хъазæн фæзты. Ахсджиаг у кæртытæ сцалцæг кæнын, цæмæй сывæллæттæн æдас фæзтæ уа, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania