филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:42 суббота, 21 сентября 2024
29 сентября 2014, 10:50
Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ фæндаг 2016 азы цалцæггонд æрцæудзæн бындуронæй

Бæлвырд ныхас та цæуы Кæсæг–Балхъары «Нижний Круп – Дейское» фæндагыл. Ныртæккæ уал куыстытæ райдыдтой йæ фыццаг 10 км. Æрбатардтой йæм техникæ: экскаватортæ, грейдертæ фæндаг лæгъгæнæнтæ, самосвалтæ.

73483
Дзæуджыхъæуæй Мæздæгмæ фæндаг 2016 азы цалцæггонд æрцæудзæн бындуронæй. Бæлвырд ныхас та цæуы Кæсæг–Балхъары «Нижний Круп – Дейское» фæндагыл. Ныртæккæ уал куыстытæ райдыдтой йæ фыццаг 10 км. Æрбатардтой йæм техникæ: экскаватортæ, грейдертæ фæндаг лæгъгæнæнтæ, самосвалтæ.

Аразджыты ныхæстæм гæсгæ фæндаг æмбæрзт æрцæудзæн асфальты 2 цъарæй. Æрвылбон ыл 8 000 машинæйæ къаддæр нæ ацæуы. 2008 азæй та йæ уавæр бирæ февзæрдæр и. Адæм хъаст кодтой, фæндагмæ базилыны тыххæй курдиæттæ фыстой алы ведомствæтæм. Суанг ма Республикæйы сæргълæууæджы исæн уатмæ дæр бахæццæ сты. Æмæ хъуыддаг йæ бынатæй фезмæлыд.

Мамсыраты Таймураз бабар кодта, цæмæй куыст цæуа регионты хсæн бастдзинад æмæ æмгуыстад фидардæр кæныны хъуыддагыл. Ныхас цыд Кæсæг-Балхъары хицауадимæ дæр.

Фæндаджы ахадындзинад зонгæйæ, Кæсæг-Балхъары республикæйы хицауад цыбыр æмгъуыдмæ æркаст ацы хъуыддагмæ, бацæттæ кодта æмбæлгæ гæххæттытæ, скодта аукцион æмæ бадзырд бафыста фæндæгтæ аразæн организациимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania