14 марта 2014, 11:27
Дзæуджыхъæу æмæ туркаг горæт Трабзоны хсæн уыдзæн бастдзинад
Æмгуыстады фарстатыл æрдзырдтой Турчы базарадон къабазы минæвæрттæ. Знон фембæлдысты цæгатирыстойнаг специалисттимæ. Æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны таможняйы хицау
Æмгуыстады фарстатыл æрдзырдтой Турчы базарадон къабазы минæвæрттæ. Знон фембæлдысты цæгатирыстойнаг специалисттимæ. Æмбырды архайдтой Цæгат Ирыстоны таможняйы хицау Сергей Троцко, арæнхъахъхъæнæг управленийы хицау Сергей Дорофеев, Роспотребнадзоры территориалон управленийы разамонæг Тыбылты Алан, æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Фембæлды архайджытæ дзырдтой сæ хъуыдытæ, Турчы æмæ Цæгат Ирыстоны инвестицион архайд фæхуыздæр кæныны тыххæй. Нæ республикæйы базарадон-промышленнон палатæйы президент Тугъанаты Хъазыбеджы ныхæстæм гæсгæ сæйраг хæс у – Дзæуджыхъæумæ фылдæр фæсарæйнаг инвесторты ргом раздахын.
темæмæ гæсгæ




