8-æм мартъийы спорты галуан «Манеж»-ы ринджы сæ тыхтæ бафæлвардзысты континенты хуыздæр боксертæ
Дзæуджыхъæу йæхи цæттæ кæны
европæйаг ерыстæм боксæй. 8-æм мартъийыспорты галуан «Манеж»-ы ринджы сæ тыхтæ бафæлвардзысты континенты
хуыздæр боксертæ, 22 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Ныридæгæн нæ республикæмæ
ссыдысты Азербайджаны æмæ Великобританийы спортсментæ. «Æгасцуай» сын
загътой Дзæуджыхъæуы аэропорты. Делагацийы ис 18 спортсмены æмæ тренеры
Английæ, Уэльсæй æмæ Шотландийæ. Тынг æхсызгонæй сыл сæмбæлдысты цæгатирыстойнаг
спортуарзджытæ. Боксертæ та зæрдæ бавæрдтой, рæсугъд спортивон бæрæгбон нын кæй
балæвар кæндзысты, уымæй.
Фыццаг къахдзæфтæй дæр Английы, Уэльсы
æмæ Шотландийы спортсментæ Ирыстоны зæххыл банкъардтой нæ национ миниуджытæ.
Сæмбæлдысты сыл ирон æгъдаумæ гæсгæ кафт æмæ зардимæ, æртæ кæрдзыны æмæ нæртон
бæгæныйы къусимæ. Шотландийы минæвар Шон Лаззерини куы базыдта, Ирыстон куыд
йæхи паддзахад, афтæ у хæххон рæсугъдбæстæ, уæд ын уыди уæлдай æхсызгон.
Великобританийы иугонд командæйы хыгъды
ис 18 спортсмены æмæ тренеры. Се хсæн континенталон æмæ дунеон ерысты
уæлахиздзаутæ нæй. Фæлæ Ирыстонмæ ссыдысты æрмæстдæр уæлахизмæ, зæгъы тренер
Боб Дилан.
Фыццæгтæ Дзæуджыхъæумæ ссыдысты
Азербайджаны, Английы, Уэльсы æмæ Шотландийы боксертæ. Райдыдтой сæхи европæйаг
ерыстæм цæттæ кæнын. Сæ тренировкæтæ цæуынц Алания файтинг тимы базæйы.
Дзæуджыхъæумæ ссæудзысты æртын фараст
бæстæйы минæвæрттæ. Æрцæрын сæ кæндзысты æхсæз фысымуаты. Спорты галуан
«Манеж» цæттæ кæны кадджын турнир суазæг кæнынмæ.
Ерыстæ райдайдзысты æстæм мартъийы.
Турнирмæ бацæуæн уыдзæн æхцайыл, фæлæ
йæм лæвар бакæсыны фадат дæр ис. Æвдæм мартъийы спорты гаулан
«Манеж»-ы байуардзысты билетты иу хай.




