филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:04 вторник, 16 декабря 2025
15 мая 2014, 11:18
Дзæуджыхъæумæ гастрольты ссыд цирчы къорд

Дæс азы аренæйы. Дзæуджыхъæумæ гастрольты ссыд цирчы къорд. Разамынд ын дæтты Бæдтиаты Алик. Артисттæ кусынц бæхтимæ. Æмæ сæ райгуырæн горæтмæ сластой цымыдисаг номыр «Аланийы джигиттæ».

Дзæуджыхъæумæ гастрольты ссыд цирчы къорд
Дæс азы аренæйы. Дзæуджыхъæумæ гастрольты ссыд цирчы къорд. Разамынд ын дæтты Бæдтиаты Алик. Артисттæ кусынц бæхтимæ. Æмæ сæ райгуырæн горæтмæ сластой цымыдисаг номыр «Аланийы джигиттæ». Зонынц æй канд нæ бæстæйы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр. Ацы къорд йе сфæлдыстадæй фæндаг ссардта Европæйы, Китайы æмæ Израилы цæрджыты зæрдæтæм. Америкæйы Иугонд Штатты та ирыстойнаг бæхылбадджыты схуыдтой «Уæрæсейаг ковбойтæ».

Уæрæсейы сгуыхт артист Бæдтиаты Аликкæн цирчы аренæ у йæ цард. Æмæ дзы цæры 54 азы. Уыцы мгъуыдмæ йæ иу афæдзмæ бахъуыд йæ дæсныйад аивын. Æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ йыл 35 азы куы сæххæст, уæд ацыд пенсимæ. Фæлæ йæ уæддæр йæхимæ лвæстой цирчы ирд цырæгътæ. Æмæ йæм раздæхт. Сарæзта цымыдисаг номер «Аланийы джигиттæ». Ныр та цирк – шапито сласта Дзæуджыхъæумæ.

Бæдтиаты Алик, УФ-йы сгуыхт артист: «Фæстаг хатт Германийы куы уыдыстæм, уæд нæм тынг æнхъæлмæ кастысты. Цымыдисаг сæм каст, цы хуызæн уыдзыстæм, цытæ сын равдисдзыстæм. Æмæ нæ куы федтой, уæд сæ зæрдæмæ тынг фæцыдыстæм».

Цирчы артисттæ хаттæй хатт скæнынц ахæм цымыдисаг номертæ, бафæзмæн кæмæн нæ вæййы. Æмæ йæ æрмæстдæр сæхæдæг фæзонынц, цас тых æмæ дзы хъару бавæрын фæхъæуы, уый. Уыимæ канд сæхиуыл нæ фæкусынц, фæлæ ма стыр куыст вæййы хъæддаг сырдтимæ æмæ хивæнд цæрæгойтимæ дæр.

Гугкаты Руслан, УФ-йы сгуыхт артист: «Аликкæн бузныг. Уый сарæзта ацы къорд. Йæ гуырæн бон у, æмæ ма бирæ азты æнæнизæй куыд фæцæра, уый йын мæ зæрдæ зæгъы».

Ацы мæй Бæдтиаты Алик бæрæг кæны йæ гуырæн бон. Æххæст ыл кæны 65 азы. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй разы у, йæ цардвæндаг куыд рауад, уымæй. Уæлдай æхсызгондæр та йын у, йæ гуырæн бон йæ райгуырæн зæххы кæй бæрæг кæны, уый. Йемæ аренæмæ рацæуы йæ чызг Лаурæ дæр. Уый дæр сахуыр кодта джигитовкæйы сусæгдзинæдтимæ. Артисттæн алы хатт дæр аренмæ рацæуыны размæ сæ зæрдæ фехсайы, фæлæ куыддæр аивадуарзджыты размæ рацæуынц, афтæ уыцы хъуыдытæ цыдæр фæвæййынц. Уый та циркмæ æрбацæуджытæ æнæмæнг банкъарынц. Куыд ма загътам, афтæмæй ацы къорды уарзондæр номер у «Аланийы джигиттæ». Æвдисынц æй 23 азы. Зæгъæн ис, æмæ сси цирчы аивады классикæ. Ныридæгæн æй равдыстой дунейы бирæ бæстæты. 6 азы йæ æвдыстой Европæйаг бæстæты, 3 азы Китайы, афæдзы рдæг та Израилы. Бæдтиаты Аликкæй дарддæр йæ саразынмæ стыр æвæрæн бахастой композитор Махъоты Ацæмæз æмæ балетмейстер Плиты Махарбег.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania