филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:42 суббота, 18 мая 2024
04 октября 2012, 10:58
Дзæуджыхъæумæ кусæг балцы ссыд Александр Хлопонин

Абон Дзæуджыхъæумæ кусæг балцы ссыд Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Хлопонин. Раздæр уал уыд горæты терчы был фæлладуадзæн зонæйы.

Абон Дзæуджыхъæумæ кусæг балцы ссыд
Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды
Александр Хлопонин. Раздæр уал уыд горæты терчы был фæлладуадзæн зонæйы.

Мамсыраты Таймураз æмæ Дзантиаты Сергей
Александр Хлопонины базонгæ кодтой, Терчы былгæрæттæ Пожарскийы хиды онг
куыд аивгонд цæудзысты, уыимæ. Уыдзæн дзы кинотеатр, кафе,
картинг-клуб, футболон, теннисæй æмæ мини-гольфæй хъазæн фæзтæ. Уæдмæ та
уал хъæуы сфидар кæнын доны былгæрæттæ. Уыцы куыстытæн схардз кæнын
хъæуы 700 млн. сомы.

Александр Хлопонин ма бабæрæг кодта ихын
Галуан. Мамсыраты Таймураз, Дзантиаты Сергæй æмæ Такъоты Сергæй йæ
базонгæ кодтой республикон хоккейы командæйы архайдимæ æмæ се
нтыстдзинæдтимæ. Бæстон ныхас рауад хоккейы æмæ къахдзоныгътыл аив
бырыны секциты райрæзтыл.

Уый фæстæ Александр Хлопонин бабæрæг
кодта теннисы академи «Асгард». Ам ыл сæмбæлдысты æрыгон теннисисттæ.
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг президенты æххæстбарджын
минæварæн радзырдта, корттæ фылдæр кæй кæнынц, цал сывæллоны цæуы ацы
секцитæм, уый тыххæй. Спорты ацы хуыз республикæйы парахатдæр кæй кæны,
уымæ гæсгæ горæты администраци фæнд кæны корты нымæц фæфылдæр кæнын.
Александр Хлопонинæн ракодтой лæвар – радтой йын теннисы академийы
уæнджы сызгъæрин картæ æмæ «Асгард»-ы эмблемæимæ теннисæй хъазынæн
сæрмагонд уæлæдарæс.

12 сахатыл Уæрæсейы президенты Александр
Хлопонины разамындæй Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы арæзт æрцыд
æмбырд. Ныхас цыд социалон-экономикон фарстатыл æмæ горæты райрæзтыл
хæстæгдæр 5 азмæ.

Ныхас цыд цæрæн-коммуналон хæдзарады
системæйыл æмæ зымæгмæ цæттæдзинадыл дæр. Уымæй уæлдай ма нæ бæстæйы
хицауады сæрдары хæдивæг йе ргом аздæхта сæрмагонд фарстатæм:
республикæйы ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады æмæ культурæйы
кусджыты ныллæг мыздмæ, рæвдауæндæттæ фаг кæй не сты, уымæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania