филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:51 четверг, 14 августа 2025
18 апреля 2014, 13:59
Дзæуджыхъæумæ кусæг балцы ссыд сæйраг сахарты æмæ егъау горæтты Æппæтадæмон Ассоциацийы генералон директор Владимир Селиванов

Ам сæхи цæттæ кæнынц стыр форум «Мегаполис: 21-æм æнусмæ». Ахæм конференцитæ арæзт æрцæуынц алы аз дæр. Июны форум суазæг кæндзæн Дзæуджыхъæу.

Дзæуджыхъæумæ кусæг балцы ссыд сæйраг сахарты æмæ егъау горæтты Æппæтадæмон Ассоциацийы генералон директор Владимир Селиванов
Ам сæхи цæттæ кæнынц стыр форум «Мегаполис: 21-æм æнусмæ». Ахæм конференцитæ арæзт æрцæуынц алы аз дæр. Июны форум суазæг кæндзæн Дзæуджыхъæу. Абон уал бынæттон администрацийы уыд координацион советы æмбырд. Амыдта йæ горæты администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей. Снысан кодтой форумы куысты пълан. Уый размæ та Владимир Селиванов раарфæ кодта администрацийы кусджытæн. Сæ Ассоциацийы номыл майдантæй схорзæхджын кодта амалхъом адæймаг Битарты Вячеславы, архивон службæйы разамонæг Нина Чиплаковайы æмæ уырыссаг академион театры аивадон разамонæг Владимир Уваровы.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania