07 октября 2014, 17:18
Дзæуджыхъæумæ кусæг балцы ссыд УФ-йы министр Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Лев Кузнецов
Цæгат Ирыстоны куыстуæттæ «Мастер-Прайм. Березка» æмæ «Фарн-ДВС» сты дæнцæгæн хæссинаг. Ахæм хъуыды загъта Уæрæсейы Федерацийы министр Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Лев Кузнецов. Ныртæккæ кусæг балцы ис нæ республикæйы.
Цæгат Ирыстоны куыстуæттæ «Мастер-Прайм. Березка» æмæ «Фарн-ДВС» сты дæнцæгæн хæссинаг. Ахæм хъуыды загъта Уæрæсейы Федерацийы министр Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл Лев Кузнецов. Ныртæккæ кусæг балцы ис нæ республикæйы. Йæ сæйраг нысан у сбæрæг кæнын, бынæттон куыстуæтты бон у фæсарæнтæй ласт товартæ баивын, æви нæ, уый. Разыйæ баззад хæдзарад «Мастер-Прайм. Березка»-йæ. Ам ма æхсыры куыст кæнынæй уæлдай парахат кæнынц фæсарæнтæй ласт хæрзмыггаг фос. Хæдзарады разамонæг Беккуызарты Ларисæ министрæн куыд радзырдта, афтæмæй, цæмæй фылдæр æхсыр уадзынæн къаддæр æхца хардзгонд цæуа, уый тыххæй хъæуы 1 мин гектары хизæн фæзуат. Министрмæ дæр сæвзæрд фарстатæ, зæгъæм сæ продукцийы аргъ.
Министр ма бабæрæг кодта Беслæны мини-технопарк «Фарн-ДВС». Сæ фæзуат ахсы 20 мин квадратон метры æмæ дзы кæндзысты 6 хуызы куыстытæ. Зæгъæм термикон мыхуыртæ æвæрдзысты алыхуызон дзаумæттыл. Араздзысты хæдзары хъæдæрмæджы дзаумæттæ. Ацы куыстуат стыр цымыдисдзинад сæвзæрын кодта министр Лев Кузнецовмæ. Æмæ зæрдæ бавæрдта паддзахадон æххуысæй. Афæдзы кæронмæ ам куысыты бынæттæ уыдзæн 250 адæймагæн, фидæны та 700-йæн.
темæмæ гæсгæ




