Дзæуджыхъæуы велосипедисттæн арæзт æрцæудзæн æппæт фадæттæ дæр, цæмæй сæ бон уа спорты ацы хуызæй пайда кæнын. Дзæуджыхъæуы 230 азы бонмæ горæты администрацийы уыд пресс-конференци.
Фыццаджыдæр ныхас цыд, терренкур арæзт кæй æрцæудзæн, ууыл. Велосипедистты æхсæнад æмæ горæты разамынд иумæ бакуыстой йæ маршрутыл. Цæудзæн Пожарскийы хидæй – дендрарийы онг, йæ дæргъ уыдзæн 40 км. Адæмы æнцойдзинадæн маршрутыл кусдзæн велосипедтæ, веломобильтæ, цæлхытыл къахдзоныгътæ рæстæгмæ райсæн кæм уыдзæн, ахæм 6 пункты. Иу ран сæ уыдзæн райсæн, иннæ ран та фæстæмæ раттæн. Апрелы уал байгом уыдзæн 2 пункты: фæлладуадзæн парчы æмæ Цæнгæт хиды цур. Дзæуджыхъæуы администраци расидт конкурс, паркæн иронау хуыздæр ном æрхъуыды кæнынæн. Нарты кадджытæм гæсгæ дзы æвæрд æрцæудзæн 12 скульптурæйы. Пресс-конференцийы ма æрдзырдтой, апрелы цъæх фæлысты мæйон куы райдайа, уæд горæты аивдзинад æмæ сыгъдæгдзинадæн цавæр куыстытæ бакæнын хъæудзæн, ууыл.




