филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:17 вторник, 16 декабря 2025
28 февраля 2014, 11:06
Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы техникумы хъæуы карантин скæнын

Ахæм уынаффæ рахастой санитарон æмæ эпидемиты ныхмæ хицауадон къамисы æмбырды. 18-æй 26-æм февральмæ дзы фадынæг рабæрæг 2 ахуыргæнæгмæ æмæ 10 студентмæ.

Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы техникумы хъæуы карантин скæнын
Ахæм уынаффæ рахастой санитарон æмæ эпидемиты ныхмæ хицауадон къамисы æмбырды. 18-æй 26-æм февральмæ дзы фадынæг рабæрæг 2 ахуыргæнæгмæ æмæ 10 студентмæ. Уыдонæй 5 сты Цæгат Ирыстоны цæрджытæ, иннæтæ та, сыхаг республикæтæй чи æрбацыд, уыцы студенттæ. Ныртæккæ се `ппæт рынчынты дæр дзæбæх кæнынц медицинон кусæндæтты. Сæ цæст дарынц республикæйæ сæхимæ чи ацыд, уыцы студенттæм дæр. Къамисы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, техникум хъæуы сæхгæнын, цæмæй инфекци ма рапарахат уа, уый тыххæй. 2 мæймæ республикæйы фадынæгæй фæрынчын 40 адæймаджы бæрц. Дохтыртæ сидынц адæммæ, цæмæй скæной вакцинаци.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania