06 марта 2018, 18:01
Дзæуджыхъæуы æрцыд æвирхъау фыдракæнд, æмæ уый фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг
93 аздзыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Кудинов Василий Николавеичы мард ссардтой йæ хæдзары, Серобабовы уынджы, 41-æм «А» кæрты.
Дзæуджыхъæуы æрцыд æвирхъау фыдракæнд, æмæ уый фæдыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
93 аздзыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Кудинов Василий Николавеичы мард ссардтой йæ хæдзары, Серобабовы уынджы, 41-æм «А» кæрты. Слестгæнæн Комитеты цæгатирыстойнаг управленийæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ветераны ссардæуыд знон 17 сахатты æмæ 30 минутыл. Йæ буарыл уыди цæфты фæдтæ. Хæдзары ма разынд зæронд лæджы 68 аздзыд фырты мард дæр. Слестгæнæн оргæнты хъуыдымæ гæсгæ, фырт амардта йæ фыды, уыйфæстæ та йæхи. Ныртæккæ цæуынц æмбæлгæ слестгæнæн мадзæлттæ. Уголовон хъуыддаг цæуы дарддæр.
темæмæ гæсгæ




