филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:51 среда, 17 декабря 2025
05 февраля 2018, 13:10
Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты зындгонд хореограф, кафæг Уарзиаты Хадзысмелы

Хадзысмелы схонæн ис ирон адæмон кафты реформатор, стæй Цæгат Ирыстоны балеты аивады бындурæвæрæг.

Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты зындгонд хореограф, кафæг Уарзиаты Хадзысмелы
Легендæтæ нæ мæлынц. Дзæуджыхъæуы æрымысыдысты
зындгонд хореограф, кафæг Уарзиаты Хадзысмелы. Ацы бонты йæ райгуырдыл
сæххæст 80 азы.
Хадзысмелы схонæн ис ирон адæмон кафты реформатор,
стæй Цæгат Ирыстоны балеты аивады бындурæвæрæг. 50 азы размæ хореограф
ныллæууыд адæмон кафты паддзахадон ансамблы сæргъы. Схуыдта йæ «Алан».
Уæд Уарзиаты Хадзысмел сног кодта ансамблы концертон программæ. Æмæ йæ
тынг бауарзтой аивады кусджытæ æмæ хуымæтæг адæм. Ирыстоны фыццаг
профессионалон балетмейстер-æвæрæджы ингæнмæ Дзæуджыхъæуы Намысы Аллеямæ
æрбацыд бирæ аивадуарзджытæ. Уымæн æмæ Уæрæсейы Адæмон артистæн
кæддæриддæр кад кодтой æмæ ныр дæр кæнынц йе мкусджытæ, стæй аивад
æгæрон уарзтæй чи уарзы, уыдон.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania