филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:22 пятница, 03 апреля 2026
15 февраля 2013, 14:27
Дзæуджыхъæуы 24-æм астæуккаг скъолайы дзюдойы секцийы спортсментæ райстой æхсызгон лæвар

Ацы районы спортивон бæстыхæйттæ бирæ не сты æмæ се ппæтæн дæр уæлдай æхсызгон уыд тренажерты ног зал кæй байгом, уый.

Ацы районы спортивон бæстыхæйттæ бирæ не сты æмæ се ппæтæн дæр уæлдай æхсызгон уыд тренажерты ног зал кæй байгом, уый. Ацы хорзæх къухы бафтыд РЦИ-Аланийы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады, Дзæуджыхъæуы администрацийы, дзюдойы федерацийы æххуысæй. Иуылдæр сæ сты тынг бузныг. Ныртæккæ дзюдоисттæ сæхи цæттæ кæнынц УФ-йы æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты ерыстæм. Ахæм залы та сын сæхи хорз бацæттæ кæнынæн ис иттæг хорз уавæртæ.

Беккуызарты Алик, УФ-йы сгуыхт тренер: «Зал байгом ис, цæмæй ам мæнæ сывæллæттæ кусой æмæ сæ рæстæг дзæбæх æрвитой. Скодтой йæ ныййарджыты хъæппæрисæй. Сæхæдæг æрæмбырд сты æмæ рахастой ахæм уынаффæ. Баххуыс сын кодтой фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрад, дзюдойы федераци. Се ппæтæй фылдæр бакуыстой бынæттæон хиуынаффæйады оргæнтæ. Æмæ се ппæтæн дæр бузныг, сывæллæттæн ахæм аргъ кæй скодтой. Махæн та нæ бон куыд у, афтæ архайдзыстæм, цæмæй нæ сывæллæттæ ерысты сæхи хуыздæр равдисой, хорз ахуыр кæной. Цæмæй размæ рацæуой, уый тыххæй.

Хъыбызты Феликс, Дзæуджыхъæуы 24-æм скъолайы директор: «Сывæллон куы архайа, йæхиуыл куы куса, спортæй куы архайа, уæд йæ удыхъæд дæр фидардæр кæны, йæ буар дæр, стæй йæ дисциплинæ дæр фæхуыздæр вæййы. Мах скъолайы кæй байгом ацы зал, уый нын тынг æхсызгон у. Уæлдайдæр та ныййарджытæн. Уымæн æмæ нæ районы ахæм бæстыхæйттæ бирæ нæй. Æмæ сывæллæттæ ардæм тырнынц. Уый тынг хорз у».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania