Ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институт æдзухдæр архайы, цæмæй ахуыргæнджытæ хуыздæр арæхсой сывæллæттимæ рæстæджы домæнтæм гæсгæ кусынмæ.
Скъолайы ахсджиагдæр нысан у райгуырæн бæстæйæн аккаг адæймæгты хъомыл кæнын» – ахæм у ног ахуырадон стандартты сæйрагдæр мидис. Æмæ уый, æнæмæнгæй, домы ахуырадмæ ногдзинæдтæ хæссын.
Дзæуджыхъæуы æртыккæгæм скъолайы бындурыл цы сæрмагонд курс арæзт æрцыд, уым ирон æвзаджы ахуыргæнджыты зонгæ кодтой нырыккон домæнтимæ. Уыдон та сты уый мидæг, æмæ сывæллоны фылдæр ахуыр кæнын хъæуы царды зындзинæдты сæрты хизыныл, цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдонæй пайда кæнгæйæ.
Майрæмыхъуаты Фатимæ, ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институты ирон æвзаг æмæ литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг: «Ног ахуырады стандарты ныртæккæ цы хъуыды ис, уымæ гæсгæ фаг нæу æрмæст зонындзинæдтæ раттын. Фылдæр æргом здахын хъæуы удварны хъæздыгдзинадмæ, сывæллоны миддунемæ фылдæр æвæрæнтæ бахæссын, цæмæй сæ царды мидæг йæ бон уа пайда кæнын, цæмæй, цы зонындзинæдтæ райса, уыдонæй, куыд зондджын адæймаг, афтæ нæ, фæлæ куыд миддунейæ хъæздыг, афтæ пайда кæнынмæ арæхса».
Семинары архайджытæн равдыстой «гом урок» ирон æвзагæй. Нырыккон домæнтæм гæсгæ, ахуыргæнæг Саухалты Валентинæ скъоладзаутæн амыдта ныхасы стильтæ.
Урокæн ма уыд хъомыладон ахадындзинад дæр, уымæн æмæ ног темæ æвдыст цыд хистæртæ æмæ кæстæрты ‘хсæн ахастдзинæдты дæнцæгыл.
Æлборты Нинæ, 21-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг: «Мæн фæнды, цæмæй уæ ирондзинад фидар кæна, уæ ирон æвзагыл фидар хæцат. Сымах нæ фидæн стут, æмæ мæ фæнды, цæмæй нæ фидæнæй нæ сæр бæрзæндты хæссæм».
Урок равдыста, ног методикæтæ цас цардхъом сты æмæ цас пайда сты, уый. 3-м скъолайы сæ рагæй кæй пайда кæнынц, уый бæрæг у ахуырдзауты арæхстдзинадыл. Афтæ нымайы ирон æвзаджы æрыгондæр ахуыргæнджытæй иу Дауыраты Алексей дæр.
Дауыраты Алексей, 8-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг: «Домынц, цæмæй сывæллон царды хуыздæр арæхса. Зонындзинæдтæ дæр хъæуынц, фæлæ сæйрагдæр у, цæмæй сывæллон цардмæ цæттæйæ рацæуа».
Ахуырады кусджыты дæсныйад бæрзонддæр кæныны республикон институт æнгомæй архайы, цæмæй ахуыргæнджытæ хуыздæр арæхсой сывæллæттимæ рæстæджы домæнтæм гæсгæ архайыныл, кусынц сæрмагонд литературæйыл дæр.
Фæрниаты Мæдинæ




