филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:17 понедельник, 20 мая 2024
24 апреля 2014, 16:51
Дзæуджыхъæуы 34-æм микрорайоны фæзындзæн ног рæвдауæндон 100 бынатæн

Байгом æй кæндзысты 1-æм июны. Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй рæвдауæндæтты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уыцы фарста сабыргай лыггонд цæуы.

Байгом æй кæндзысты 1-æм июны. Дзæуджыхъæуы ахуырады управленийы куыд зæгъынц, афтæмæй рæвдауæндæтты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уыцы фарста сабыргай лыггонд цæуы. Республикæйы ма байгом кодтой уæлæмхасæн къордтæ дæр, уый фæрцы бынæттæ фæзынди æртæ мин сывæллонæй фылдæрæн. Фæлæ уæддæр фарста у карз. Ныртæккæ рæвдауæндæттæм рады лæууынц авд мин сывæллонмæ хæстæг. 34-æм микрорайоны рæвдауæндон хъуыддаг фæрогдæр кæндзæн. Арæзынц æй æппæт домæнтæ хынцгæйæ, экологон æгъдауæй сыгъдæг æмæ æдас æрмæгæй. Ныридæгæн цæттæ у йæ сæйраг бæстыхай. Цæттæ сты хъармгæнæн æмæ хъазæн фæз дæр.

Ног рæвдауæндон ма фæзындзæн Весеннийы уынджы дæр. Уым та уыдзæн 300 бынаты. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæ зæрдæ дарынц, тагъд рæстæджы рад кæй фæкъаддæр уыдзæн, ууыл. Зæгъын хъæуы, уый æмæ фæстаг цыппар азмæ ногæй кусын райдыдтой раздæр кæй сæхгæдтой, уыцы къордтæ дæр. Байгом сты 176-æм æмæ поселок Южныйы рæвдауæндæттæ дæр. Ныййарджытæн сæ бон у рады электрон хуызы слæууын дæр. Уый тыххæй регистраци скæнын хъæуы республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады сайты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania