Ахуырдзаутимæ ныхас кодтой, йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæтты ныййарджытæ.
Хæлардзинады урочы скъоладзаутæн дзырдтой, инвалидтæ нæ царды цы бынат ахсынц,
Ахуырдзаутимæ ныхас кодтой, йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæтты ныййарджытæ.
Хæлардзинады урочы скъоладзаутæн
дзырдтой, инвалидтæ нæ царды цы бынат ахсынц, ууыл. Ассоциаци «Мир»-ы
ахуыргæнджытæ æмæ инвалид сывæллæтты ныййарджытæ ракуырдтой
ахуырдзаутæй, цæмæй ацы фарстайы тыххæй сæ хъуыдытæ зæгъой. Скъолаты
ахæм фембæлдтытæ аразынц проект «Ахуыр кæнæм иумæ»-мæ гæсгæ. Ассоциацийы
кусджытæ сæ фыццаг фембæлд цы скъолайы саразой, ууыл бирæ нæ хъуыды
кодтой, уымæн æмæ фыццагдæр 43-æм скъолайы фæзынд инклюзивон ахуыртæ.
Ныртæккæ дзы ахуыр кæны, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм 40
скъоладзуы.
Хъесаты Фатимæ, 43-æм скъолайы директоры
хæдивæг : «Ахуыр сæ кæнынц хæлардзинадыл, кæрæдзимæ æндæр цæстæй
кæсыныл. Иууылдæр бамбæрстой ацы урочы ахадындзинад».




