«Дæхи фыдбылызæй бахъахъхъæн», ахæм сæргондимæ Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы дæр уыд СПИДы ныхмæ мадзал. Ам дæр сæйраг символикæ – сырх лент бабастой йæ архайджытæ се ппæт дæр.

Æрбахуыдтой йæм Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуаны æмæ пысылмæтты управленийы минæвæртты, психологты, спортсменты, фæсивæды социализацийы центры, стæй æхсæнадон хæрзаудæн фонд «Спасательный круг»-ы минæвæртты. СПИД æхсæнадæн цы зиан хæссы, куыд ис йæ уацары бахауын, уый тыххæй сывæллæттæ бацæттæ кодтой театралон скъуыдздзаг. Фæстæдæр та ныхасы бар радтой уазджытæн. Уыдон загътой, царды æппæрццæг цаутæ кæй расайынц нозт, наркомани æмæ СПИД. Æмæ цæмæй рæзгæ фæлтæр уымæй хызт уой, уый тыххæй семæ хъæуы профилактикон куыст кæнын, ацы мадзал дæр уымæн æвдисæн.
Голоты Мераб, 50-æм скъолайы ахуырдзау: «Хъæуы спортæй архайын. Тамакодымджытæм хæстæг нæ хъæуы цæуын. Наркотиктæ сты æвзæр».
Дзгойты Геннадий, Республикæйы хæрзаудæн фонд «Спасательный круг»-ы сæрдар: «Мæхæдæг дæр кæддæр фæрæдыдтæн, уыцы æлхыст мыл æрцыд, фæлæ дзы 15 азы сæрибар дæн. Мæ мадмæ байхъуыстон æмæ мæ мады куывдæй сæрибар дæн. Æз дæр спорстмен уыдтæн, фæлæ бахаудтæн уыцы ææвзæр хъуыддаджы. Æмæ мæ фæнды, цæмæй алчи дæр йæ ныййарæгмæ куыд хъуса».
