филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:26 вторник, 16 декабря 2025
18 апреля 2014, 14:06
Дзæуджыхъæуы 58-æм æфсады арæзт æрцыд спартакиадæ

Абон Дзæуджыхъæуы 58-æм æфсады арæзт æрцыд спартакиадæ. Архайдтой дзы, æфсадмæ цæуыны афон кæмæн нæма у, уыцы лæппутæ. Раарфæ сын кодта фæсивæды хъуыддæгты, физкуьтурæ

Дзæуджыхъæуы 58-æм æфсады арæзт æрцыд спартакиадæ
Абон Дзæуджыхъæуы 58-æм æфсады арæзт æрцыд спартакиадæ. Архайдтой дзы, æфсадмæ цæуыны афон кæмæн нæма у, уыцы лæппутæ. Раарфæ сын кодта фæсивæды хъуыддæгты, физкуьтурæ æмæ спорты министры фыццаг хæдивæг Хъороты Дмитрий. Лæппутæ равдыстой сæ арæхстдзинад æфсадмæ цæттæдзинадæй, хиуыл схæцынæй, æфсæддон эстафетæйæ, гранат æппарынæй, хæцæнгарзæй æхсынæй, ленк кæнынæй æмæ пейнтболæй. Ерысты архайдтой 10 командæйы, алы районтæй. Сты муниципалон ерысты уæлахиздзаутæ. Ацы спартакиадæйы хатдзæгтæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн иумæйаг къорд, уый республикæйы кад хъахъхъæндзæн Рязаны кæронбæттæн ерысты.

Къаболаты Солтан, РЦИ-Аланийы ветеранты советы сæрдар: «Цы рæстæгтæ иу уыдис, ахæм фæсивæдæй бирæ хъæбатырдзинæдтæ равдыстой. Æмæ хъуамæ алчидæр йæхи цæттæ кæна ахæм хабармæ дæр. « Мыййаг куы бахъæуон, уæд æз æцæг ирон лæппу дæн, æмæ хъуамæ уыцы домбайдзинад мæныл ма фæуа».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania