18 октября 2013, 10:54
Дзæуджыхъæуы 79-æм рæвдауæндоны сабитæн уыди бæрæгбон
Фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрад сын балæвар кодта, ирон аргъæуттæ æвæргæйæ кæмæй пайда кæндзысты, ахæм аив декорацитæ.

Фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрад сын балæвар кодта, ирон аргъæуттæ æвæргæйæ кæмæй пайда кæндзысты, ахæм аив декорацитæ. Ацы лæвармæ ам рагæй æнхъæлмæ кастысты, ныр сывæллæттæн цымыдисагдæр уыдзæн алыхуызон чысыл театралон скъуыддзæгты архайын. Æмæ бузныг сты, чи сын баххуыс кодта, уыдонæй.
Сæ автор у зындгонд дизайнер Хæдзарæгаты Аркадий. Рæвдауæндоны сабитæ æмæ хъомылгæнджытæ та сын скодтой бæрæгбоны концерт. Сывæллæттæ зарыдысты, дзырдтой æмдзæвгæтæ, æвдыстой сценикон нывтæ.

темæмæ гæсгæ