филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:29 воскресенье, 06 октября 2024
01 октября 2012, 12:49
Дзæуджыхъæуы абон арæзт æрцыд ныхмæлæуддзинады акци

Дзæуджыхъæуы абон арæзт æрцыд ныхмæлæуддзинады акци. Тогойы-фырты æмæ Затеречныйы уынгты цæрджытæ сты, Терчы былгæрон цы арæзтад цæуы, уый ныхмæ.

Дзæуджыхъæуы абон арæзт æрцыд
ныхмæлæуддзинады акци. Тогойы-фырты æмæ Затеречныйы уынгты цæрджытæ сты,
Терчы былгæрон цы арæзтад цæуы, уый ныхмæ. Цæрæн комплекс «Сухое русло»
æгæр хæстæг амад цæуы сæ хæдзæрттæм, æмæ сæ уый тынг тыхсын кæны.
Ныридæгæн дзы сарæзтой иу фарастуæладзыгон хæдзар. Ныр та райдыдтой иннæ
ахæм хæдзар аразын. Техникæйы хъæрмæ хъусынц ныр афæдз æмæ ‘рдæг. Адæм
хъаст кæнынц, сывæллæтты ирхæфсæн фæзы бынаты электрон тыхы дæлстанцæ
кæй сарæзтой, ууыл. Хи хæдзæрттæм бацæуæнтæ æхгæд æрцыдысты, æвæрынмæ
дзы хъавынц бирæвольтон телы хъæдтæ. Фæлæ æнæниздзинадæн тæссаг нæ
уыдзæн, ууыл гуырысхо кæнынц. Дыууæ уынджы цæрджытæ сæ хъаст бахæссынмæ
хъавынц Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергеймæ. Ацы
хъуыддагмæ ма раздæхдзыстæм нæ дарддæры программæты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania