филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:39 суббота, 21 сентября 2024
02 октября 2014, 17:40
Дзæуджыхъæуы абон кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон фæйнæг Дегъуаты Владимирæн

Зындгонд педагог, æртын æстæм скъолайы бындурæвæрæг æмæ директор йæ цардæй ахицæн фондз азы размæ. Номарæн фæйнæджы автор у – скульптор Дзбойты Михал. Адæмон ахуырады кусгæйæ, Дегъуаты Владимир йæ рæстæджы хорзæхгонд æрцыд Фæллойы Сырх Тырысайы орденæй.

74589
Дзæуджыхъæуы абон кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон фæйнæг Дегъуаты Владимирæн. Зындгонд педагог, æртын æстæм скъолайы бындурæвæрæг æмæ директор йæ цардæй ахицæн фондз азы размæ. Номарæн фæйнæджы автор у – скульптор Дзбойты Михал. Адæмон ахуырады кусгæйæ, Дегъуаты Владимир йæ рæстæджы хорзæхгонд æрцыд Фæллойы Сырх Тырысайы орденæй. Уымæй дарддæр сæрбæрзондæй хаста Уæрæсейы Федерацийы æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном. Дегъуаты Владимир Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы директорæй фæкуыста æртын азæй фылдæр.
Сланты Мæдинæ, Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы директор: «Абон байгом кодтам мемориалон фæйнæг нæ кадджын директорæн. Æмæ та раздæрау алы райсом дæр «æмбæлдзæн» сывæллæттыл. Мæнæн тынг æхсызгон у ацы цау, уымæн æмæ æз йæхи æвзæрст дæн. Мæн ныууагъта йæ фæстæ, æмæ йын хъæздыг традицитæ хæццæ кæндзынæн дарддæр. Æххуыс та мын кæндзæн нæ коллектив».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania