филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:54 вторник, 16 декабря 2025
01 апреля 2014, 11:16
Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей фембæлд горæты цæрджытимæ

Кæрт цалцæг кæныны фарстайы баххуыс кæнын, спортивон фæз саразын, бирæфатерон хæдзары сæр бындуронæй сцалцæг кæнын. Ахæм фарстатимæ горæты цæрджытæ æрбацыдысты

Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергей фембæлд горæты цæрджытимæ
Кæрт цалцæг кæныны фарстайы баххуыс кæнын, спортивон фæз саразын, бирæфатерон хæдзары сæр бындуронæй сцалцæг кæнын. Ахæм фарстатимæ горæты цæрджытæ æрбацыдысты бынæттон администрацийы сæргълæууæг Дзантиаты Сергеймæ. Фембæлд арæзт æрцыд Цæгат-ныгуылæн æмæ Терчыфалейы районты Галиуфарсы администрацийы. Дзæуджыхъæуы цæрджытимæ ма ныхас кодтой цæрæн-коммуналон хæдзарады, фæндæгты арæзтады, исбоны, архитектурæйы æмæ зæххæй пайда кæныны комитетты разамонджытæ дæр. Зæгъæм, Доваторы проспекты 31-æм хæдзары цæрджыты фæнды, цæмæй сæ администрацийы бар радтой æмæ сæ хæдзары кæрты саразой бæстыхай, хæдзары цæрджыты æмбалады кусджытæн. Уыдис ма дзы ахæм курдиаттæ дæр – Дзæуджыхъæуы цæрæг Джиоты Аланы зæрды ис рауадзын æмбырдгонд «Зарджытæ æмæ романстæ Дзæуджыхъæуы тыххæй» æмæ йæ фæнды, цæмæй йын горæты админситраци баххуыс кæна.

Дудараты Мæхæмæт, Дзæуджыхъæуы администрацийы Галиуфарсы префектурæйы префекты хæстæ æххæстгæнæг: «Левобережный район у стыр район. Афтæ нæхимæ гæсгæ, районы цы хабæрттæ цæуы, уыдоныл се `ппæтыл нæ аххæсдзыстæм. Уыцы фарстаты фæдыл нæм æрбацæуынц цæрджытæ, æмæ сæ зын хабæрттæ нын радзурынц, æмæ сæ нæ бон куыд вæййы, афтæ сæ фæрæстмæ кæнæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania