филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 среда, 17 декабря 2025
06 марта 2018, 13:05
Дзæуджыхъæуы ахицæн сты бæстыхайы мидæг фат æмæ æрдынæй æхсыны республикон ерыстæ

Турниры архайдтой 40 спортсмены. Се хсæн нæ республикæйы сывæллæтты 4-æм спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ.

Дзæуджыхъæуы ахицæн сты бæстыхайы мидæг фат æмæ æрдынæй æхсыны республикон ерыстæ
Дзæуджыхъæуы ахицæн сты бæстыхайы мидæг фат æмæ æрдынæй æхсыны республикон ерыстæ.
Турниры архайдтой 40 спортсмены. Се хсæн нæ республикæйы сывæллæтты 4-æм спортивон скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уымæй дарддæр спортсментæ Налцыккæй, Новороссийскæй æмæ Краснодары крайæ. Кæстæр къорды архайджыты нысан акъуырын хъуыд 12 метры дæрддзæфæй, хистæрты та – 18 метрæй. Турниры архайдтой, йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм сывæллæттæ дæр. Ерысты домæнтæ хæстæг лæууынц æппæтуæрæсеон нормæтæм. Турнир цыд 2 боны. Нæ республикæйы ацы спорты хуыз у æрыгон. 4-æм спортивон скъолайы бындурыл равзæрд 3 азы размæ, æмæ йæм цæуы 25 сывæллоны.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania