филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:27 суббота, 18 мая 2024
05 августа 2014, 11:52
Дзæуджыхъæуы аивæдты училищæйы студенттæ се сфæлдыстадæй саив кодтой горæты 2 арæндонмæ бацæуæны къултæ

Скодтой дзы нывтæ. Ахæм хуызы сæххæст кодтой сæ сæрдыгон практикæ. Училищæйы ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы куыст æрыгон нывгæнджытæн пайда у.

73607
Скодтой дзы нывтæ. Ахæм хуызы сæххæст кодтой сæ сæрдыгон практикæ. Училищæйы ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы куыст æрыгон нывгæнджытæн пайда у.

Болæтаты Фатимæ фæвæййы йæ куыст кæронмæ. Сахат фæстæ ныв æнæхъæнæй цæттæ уыдзæн. Ныр мæйы бæрц Дзæуджыхъæуы аивадон училищæйы нывкæнынады хайады 4-æм курсы студенттæ сæ ахуыргæнæг Хетæгкаты Асланимæ архайынц, горæты 2-аг арæндоны бацæуæны къултæ саив кæныныл. Ахæм хуызы æххæст кæнынц сæ сæрдыгон практикæ. Ацы хъуыддагæн равзæрстой 2 проекты. Алы куысты дæргъ дæр у 9 метры. Дыууæ дæр конд сты иу тематикæмæ гæсгæ – сывæллоны райгуырд.

Болæтаты Фатимæ, Дзæуджыхъæуы аивадон училищæйы нывкæнынады хайады 4-æм курсы студенткæ: «Алчидæр нæ куыста йæхи хайыл. Нæ ахуыргæнæг нын æй адих кодта. Пайда кæнæм акрилы ахорæнтæй, промышленнонтæй. Ацы бынат нæ фæндыд рааивдæр кæнын».

Аивадон училищæйы ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ ахæм хуызы практикæ студенттæн пайда у. Афтæмæй сæ бон у ног хуызы техникæтæй пайда кæнын.

Хетæгкаты Аслан, Дзæуджыхъæуы аивадон училищæйы ахуыргæнæг: «Училищæйæ куы рацæуой, уæд хъуамæ фылдæр зоной, цæмæй сæхицæн цæрынæн бакусын сæ бон уа, уый тыххæй. Бирæ техникæтæ хъуамæ зоной. Царды цы бахъæудзæн, уый ничи зоны. Программæйы уыдæттæ не сты. Уыдон æз зонын æмæ сын мæ зонынад дæттын, цæмæй сын æнцондæр уа цæрын».

Иу æхсызгон лæвар ма горæты 2-аг арæндонæн скодта республикæйы зындгонд æхсæнадон архайæг Тæтæраты Алан. Сцæттæ сын кодта бацæуæн дуæрттæ. Ахæм æрхъуыдыдзинад арæндоны разамындæн æхсызгон у. Сæйраг дохтыр Тогойты Жаннæ раарфæ кодта ацы хъуыддагмæ йе `вæрæн чи бахаста, уыдонæн, æмæ сын скодта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Тогойты Жаннæ, Дзæуджыхъæуы 2-æм арæндоны сæйраг дохтыр: «Чи æрбацæуы, уыдон цингæнгæйæ фæракæс-бакæс кæнынц. Уый махæн дæр æхсызгон у, уымæн æмæ уый махæн нæ цæсгом у. исты хæдзармæ куы æрбацæуай, уæд фыццаг къуымтæм фæкæсы адæймаг. Хорз ныхæстæ дæр-иу нын загътой, æмæ уый æхсызгон куыд нæ у адæмæн. Уæлдай бузныг нæ фæнды зæгъын, æнæнхъæлæджы нын ахæм дуæрттæ чи сæвæрдта, уыдонæн – Такъоты Сергейæн æмæ Аланæн. Стыр бузныг сын».

Училищæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы куыст кæндзысты фидæны дæр. Уæвгæ, студенттæм ацы хъуыддаджы ныридæгæн ис фæлтæрддзинад.

Фарон аивадон училищæйы студенттæ сæ куыстытæй саив кодтой санатори «Осетия»-йы кардиологон хайады къултæ. Æрыгон нывгæнджытæ скодтой Ирыстоны кувæндæтты, хохаг хъæуты æмæ зæронд горæты нывтæ. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, ахæм пейзажтæ хорзырдæм ахадынц рынчынты æнæниздзинадыл.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania