филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:48 вторник, 24 июня 2025
29 ноября 2013, 11:44
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æмхæццæ хъæбысхæстæй турнир

Цæгатирыстойнаг спортсментæ, æмхæццæ хъæбысхæсты клуб «Колизей»-йы уæнгты ныхмæлæууæг уыд клуб «Легион-Файт»-ы командæ. Хаст æм æрцыдысты Хуссар Федералон зылды спорстментæ.

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æмхæццæ хъæбысхæстæй турнир
Цæгатирыстойнаг спортсментæ, æмхæццæ хъæбысхæсты клуб «Колизей»-йы уæнгты ныхмæлæууæг уыд клуб «Легион-Файт»-ы командæ. Хаст æм æрцыдысты Хуссар Федералон зылды спорстментæ. Ерысты уыд æхсæз фембæлды. Фыццаджы фæуæлахиз не `мзæххон Къæбулты Тамерлан. Дыккаг фембæлды дæр фæуæлахиз дзæуджыхъæууккаг командæйы уæнг, цæцæйнаг спортсмен Алибек Ахасаев. Иннæ цыппар тохы уæлахиздзаутæ систы турниры уазджытæ. Афтæмæй нæ командæ фæхæрд дыууæ – цыппар хыгъдæй. Ростоваг клуб «Легион-Файт»-ы президент Армен Даниелян куыд загъта, афтæмæй ацы турнир хорз арæзт æрцыд. Чи зоны æмæ ахæм ерыстæ Цæгат Ирыстоны фидæны дæр уыдзысты. Уæрæсейы Хуссар хайы богæлттæн ма фембæлдтытæ уыдзысты Францийы, Испанийы æмæ Польшæйы спортсментимæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania