филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:12 пятница, 05 июля 2024
25 августа 2014, 12:09
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон акции

Йæ сæйраг нысан у æппæтæй уазæгуарзагдæр горæт сбæрæг кæнын. Уыцы ном райсыныл тох кодтой Мæскуы, Екатеринбург, Краснодар, Перм, Самарæ æмæ Дзæуджыхъæу. Фæлладуадзæн

73865
Йæ сæйраг нысан у æппæтæй уазæгуарзагдæр горæт сбæрæг кæнын. Уыцы ном райсыныл тох кодтой Мæскуы, Екатеринбург, Краснодар, Перм, Самарæ æмæ Дзæуджыхъæу. Фæлладуадзæн парк «Нæртон»-ы æвæрд æрцыд дзаджджын фынгтæ. Дзæуджыхъæуы фынджы уæлхъус чи бадтис, уыдоны нымæц 3 мин адæймагæй фæфылдæр. Æфтæмæй Цæгат Ирыстоны сæйраг горæт нымад æрцыд æппæтæй уазæгуарзагдæрыл.

Æртæ хистæры æххæст кæнынц ирон фынджы фæтк. Ацы æгъдау нын ныууагътой нæ фыдæлтæ, æмæ йæ æхсызгонæй ахæццæ кодтой Дзæуджыхъæуы администрацийы управленийы хицау Гиоты Хъазыбег, Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Хъæцмæзты Лазарь æмæ Дзæуджыхъæуккаг хъазахъхъаг зылды атаман Валерий Храбрых.

Ацы стъол у иу мин метрæй фылдæр. Райдайы «Нæртон» парчы цур æмæ фæвæййы санаторий «Осетия»-йы цур. Абон ардæм æрбацыд 3 мин адæймагæй фылдæр, цæмæй равдисой, Ирыстоны уазæг куыд кадджын уыд кæддæриддæр, уый.

Райдайы «Нæртон» парчы цур æмæ фæвæййы санаторий «Осетия»-йы цур. Абон ардæм æрбацыд 3 мин адæймагæй фылдæр, цæмæй равдисой, Ирыстоны уазæг куыд кадджын уыд кæддæриддæр, уый.

Уыцы ном райсыныл ма тох кодтой Мæскуы, Екатеринбург, Краснодар, Перм æмæ Самарæ дæр. Уыцы горæтты акцийы архайджыты нымæц уыд зынгæ къаддæр. Дзæуджыхъæуы та фынджы уæлхъус бæрæггонд æрцыд 3 мины æмæ 218 адæмаджы.

Лазарты Беллæ, акцийы архайæг: «Абон у тынг рæсугъд бæрæгбон. Æрбамбырд ис нæ горæты фæсивæд. Хистæртæ, кæстæртæ иууылдæр ам сты, мах æвдисæм не гъдау, нæ адæмы рæсугъддзинад. Фæнды нæ, цæмæй нæ Уæрæсейы дæр феной, куыд рæсугъд фæсивæд нæм цæры, æмæ куыд зæрдæрухсæй æрбацыдыстæм ацы бæрæгбонмæ».

Акцийы хатдзæгтæм гæсгæ Дзæуджыхъæу хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Ахæм стыр бадт саразыныл бацархайдтой Дзæуджыхъæуы администраци, стæй комеди «Горько!» чи иста, уыцы сфæлдыстадон къорд. Куыд зæгъынц, афтæмæй цы видеоæрмæг систой, уый уыдзæн кинонывы хай.

Плиты Алыксандр, Дзæуджыхъæуы администрацийы информацион хайады хицау: «Нæ «Нæртон» парчы ис стыр бæрæгбон, æмæ уый у ахæм акци – «Всероссийское застолье», зæгъгæ, æмæ нæ горæт 6 горæты хсæн æппæт Уæрæсейы тох кодтам, цæмæй нæ горæт равдиса йæ бæркад, нæ æгъдау, куыд хъуамæ бадæм фынджы уæлхъус. Ацы архайд у кино «Горько!-2»-йы кинонывы тыххæй. Æмæ абон мах истам ам видеорæмæг. 23-æм октябры рацæудзæн кинотеатрты. Чидæриддæр абон уыдис ацы бæрæгбоны, уымæн уыдзæн ахæм уавæр йæхи фенын кинонывы».

Акци æххæст кæнгæйæ ма арæзт æрцыд конкурс «Æппæтæй уазæгуарзаг бинонтæ» дæр. Архайыны бар дзы уыд кæй фæндыд, уыдонæн се ппæтæн дæр.Киноныв «Горько!»-йы сфæлдыстадон къорд цы æрмæг систой, уымæй та арæзт æрцæудзæн видеороликтæ æмæ сæ адæмæн сæ бон фенын уыдзæн интернеты.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania