филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:49 воскресенье, 14 декабря 2025
05 июня 2014, 11:14
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд аивадон концерт «Нарты Симд»

Ног цæстæнгас традицион кæфтытæм. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд аивадон концерт «Нарты Симд». Йæ автор у Санахъоты Владислав. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй йæ хъуыдымæ

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд аивадон концерт «Нарты Симд»
Ног цæстæнгас традицион кæфтытæм. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд аивадон концерт «Нарты Симд». Йæ автор у Санахъоты Владислав. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй йæ хъуыдымæ гæсгæ рагон традицион кæфтытæ ацы бон хъуамæ аивадуарзджыты цæстытыл ауайын кодтаиккой нæ раздæры истори æмæ æгъдæуттæ. Цымыдисаг концерты архайдтой 80 артистæй фылдæр. Се хсæн куыд фæлтæрдджын хореогрæфтæ, афтæ æрыгæттæ дæр. Концерты ма архайдта Ирыстоны уарзондæр кафджытæй иу – балеты солисткæ Бæззаты Жаннæ. Уымæй дарддæр сценæмæ рауагътой цæрæгойты дæр: бæх, уæрыкк, уасæг, цæргæс æмæ уаритæ. Ирд декорацитæ, судзы арт æмæ адæмы раз фæзындысты нарты эпосы сурæттæ, сæ сæргъы та Лæгты дзуар. Декорацитыл куыстой афæдзы рдæг. Сæ уæз у 20 тоннæйы.

Фæлæ кæд ирд мадзал уыди, уæддæр æнæ къуылымпытæй нæ рауад. Техникон зындзинæдты тыххæй концертмæ рбацæуджытæм иу цæстæнгас нæ уыди. Иуты зæрдæмæ фæцыд, иннæты та – нæ. Цæгат Ирыстоны хицауады сæрадр Такъоты Сергей дæр уыд аивадуарзджыты хсæн. Бакасти концертмæ æмæ раарфæ кодта фæсивæдæн, нæ историмæ стыр æргом кæй здахынц, уый тыххæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania