филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:44 суббота, 18 мая 2024
05 ноября 2013, 11:21
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хъæууон-хæдзарадон армукъа

Дыргътæ, халсартæ, æхсыры хойрæгтæ æмæ дзидза. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хъæууон-хæдзарадон армукъа. Бынæттон продукцийы дзы равæрдтой хъæууон хæдзарады чи кусы, уыцы амалхъом адæм.

Дыргътæ, халсартæ, æхсыры хойрæгтæ æмæ дзидза. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хъæууон-хæдзарадон армукъа. Бынæттон продукцийы дзы равæрдтой хъæууон хæдзарады чи кусы, уыцы амалхъом адæм. Республикæйы цæрджытæн дзы сæ бон хойрæгтæ балхæнын уыд 15-20 % асламбæрæй. 40 сомы – 10 айчы аргъ, 90 сомы – карчы дзидза, стуры фыд та – 190 сомы иу килоограммæн. Картофы килæ – 15 сомы. Армукъа арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады министрады хъæппæрисæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй ма ахæм армукъа арæзт æрцæулдзæн 16-æм ноябры дæр.

Гæбæраты Джемал, хъæууонхæдзарадон кооператив «Кита»-йы минæвар: «Нæхи продукции уæй кæнæм, адæм райгонд сты, æгайтма дам нæхимæ Ирыстоны фæзындис продукци. Стæй базартæй асламбæрæй уæй кæнæм, 25 сомы килограмм. Ис нæм алы хуызтæ, адджын фæткъуы».

Тебиаты Сергей, æлхæнæг: «Асламдæр базарæй, мæнæ æз кæй райстон, уый райстайын 450 сомæй, уым мын æй 250 радта, стыр бызныг сын».

Хъæстуаты Игорь, РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министрады хайады хицау: «Ирыстоны цы хæдзарадтæ ис, уыдон се ппæт дæр сæ продукции æрбаластой, зæгъын мæ фæнды, хæрзхъæд продукции уыдис, æмæ йæ уæй кодтой 15-20% асламдæр. Уæхæдæг æй федтат, аргътæ цавæр уыдысты, уый».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania