филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:50 суббота, 21 сентября 2024
30 ноября 2012, 09:26
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон æгъдæутты бæрæгбон

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон æгъдæутты бæрæгбон. Æбиты Валерий цы курсытæ сарæзта, уым йæ рауагъдонтæ равдыстой хорз арæхстдзинад. 2 азмæ ирон æгъдæуттыл сахуыр кодта сæдæ адæймаджы бæрц.

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд ирон æгъдæутты
бæрæгбон. Æбиты Валерий цы курсытæ сарæзта, уым йæ рауагъдонтæ

равдыстой хорз арæхстдзинад. 2 азмæ ирон æгъдæуттыл сахуыр кодта сæдæ
адæймаджы бæрц. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ ахæм курсытæ стыр ахъаз сты
фыдæлты æгъдæуттæ бахъахъхъæнынæн.

Дзыкка, нæлхæ, дзæрна. Ацы рагон ирон
хæринæгтæ абон фынгтыл арæх нал æмбæлынц. Цæмæй адæмæй бынтон ма ферох
уой, уый тыххæй æрыгон амалхъом адæймаг Æбиты Валерий байгом кодта
сæрмагонд курсытæ.

Ирон æгъдæутты скъола бацæттæ кодта ныр
4-æм рауагъд. Ацы хатт курсытæ каст фесты 25 адæймаджы. 3 мæймæ цæуыл
сахуыр сты, уый равдыстой ацы бæрæгбоны.

Ирон æгъдæутты бæрæгбонмæ æрбахуыдтой
курсыты раздæры рауагъдонты, республикæйы инеллигенцийы минæвæртты.
Инсценировкæйы хуызы æвдыст æрцыдысты чындзæхсæвы, хъазты æмæ кувыны
æгъдæуттæ.

Æбиты Валерий, амалхъом адæймаг: «Нæ
фыдæлты куырыхон зондæн нæй кæрон. У тыхджын æмæ намысджын. Дунейы фарн
афтæ ракæнæд, æмæ ацы къордтæм фылдæр адæм куыд цæуой».

Традицимæ гæсгæ алы рауагъдон дæр
бацæттæ кодта цавæрдæр хæринаг æмæ радзырдта иу ирон æгъдауы тыххæй. Сæ
арæхстдзинадæн сын аргъ кодтой жюрийы уæнгтæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ ацы
курсытæ ахъазагдæр сты рæзгæ фæлтæрæн. Уымæн æмæ сæ ам ахуыр кæнынц
æрмæст хæринаг кæныныл нæ, фæлæ ма сæ зонгæ кæнынц ирон æгъдæуттимæ дæр.

Хабæты Риммæ, РЦИ-Аланийы ахуырады æмæ
наукæйы министрады инспектор: «Ирондзинад, ирон æгъдæуттæ, ирон æфсарм
йæ туджы кæмæн ис, уыдоны æрæмбырд кæны, æмæ нын нæ рагфыдæлтæй
хорздзинадæй цы баззади, уый сын курсыты хуызы, куыд ахуыргæнæг, афтæ
бауадзы, цæмæй уыдонæй алчидæр уый фæстæ куы ацæуа, уæд сæ цардмæ
ахæссой».

4-æм рауагъды ахуыргæнинæгты хсæн ис
Дзугаты-Мурасты Риммæ дæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ рагæй фæндыд Æбиты
Валериимæ базонгæ уæвын. Курсытæм кæй бацыд, ууыл нæ фæфæсмон кодта.
Уæлдайдæр та йæ зæрдæмæ фæцыд, Куырттаты коммæ цы балцы ацыдысты, уый.
Ирон æгъдæутты бæрæгбонмæ Риммæ бацæттæ кодта йæхи къухæй быд
стъолæмбæрзæн æмæ салфеткæ. Дзургæ та ракодта 3 æртæдзыхоны æмæ гуылы
равзæрды тыххæй.

Дзугаты-Мурасты Риммæ: «Царды скъолайы
æгъдæуттæ нын ахуыр кæнынц. Сты уыдон ахъаз кæстæр фæсивæдæн. Рæстæджы
фæд æрбадт кæуылдæрты, æмæ сæ цæмæй бынтон ма ферох кæнæм, уый тыххæй у
стыр ахъаз ацы скъолайы ахуыры рæстæг».

2 азмæ курсытæ каст фесты 100 адæймаджы
бæрц. Хæстæгдæр рæстæг та сæмбырд уыдзæн ног къорд. Зæгъын ма хъæуы уый,
æмæ ацы ахуыртæ сты лæвар.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania