05 декабря 2013, 11:21
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд проект «Нæ рæстæджы хъайтарты» презентации
Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æххуысæй йыл бацархайдта æхсæнадон организаци «Фæсивæдон гварди». Проекты нысан у, æрымбырд кæнын информаци, йæ цардæн тæссаг уавæрты,

Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æххуысæй йыл бацархайдта æхсæнадон организаци «Фæсивæдон гварди». Проекты нысан у, æрымбырд кæнын информаци, йæ цардæн тæссаг уавæрты, æхсæнадæн пайда чи хæссйы, уыцы адæмы тыххæй. Презентацимæ æрбахуыдтой скъоладзауты, æмæ уыдонæн се `рвылбоны царды тыххæй радзырдтой æнæхъæлæджы уавæрты министрады, мидхъуыддæгты министрады æмæ Цæгат Ирыстоны таможняйы службæгæнджытæ. Рæзгæ фæлтæр сæм лæвæрдтой алыхуызон фæрстытæ. Уыдон та сын бæлвырд дзырдтой сæ куысты тыххæй. Фембæлды кæронбæттæн уазджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй æмæ сын скодтой зæрдылдаргæ лæвæрттæ.

темæмæ гæсгæ