07 марта 2018, 13:20
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чысыл æмæ астæуккаг бизнесы райрæзты конференци
Архайдтой дзы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады райрæзты федералон корпорацийы генералон директор Александр Браверман æмæ бизнес-æхсæнады минæвæрттæ.
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды чысыл æмæ астæуккаг бизнесы райрæзты конференци. Архайдтой дзы Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министр Лев Кузнецов, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав, чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады райрæзты федералон корпорацийы генералон директор Александр Браверман æмæ бизнес-æхсæнады минæвæрттæ.
Бауырнын кæнын, æнæмæнг дæу проект кæй æрхæсдзæн пайда регионæн. Федералон корпорацийы æххуыс æмæ льготæтæм гæсгæ кредиттæ райсын – ахæм ахсджиаг хæс лæууыд Цæгат Кавказы бизнесменты раз. Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады райрæзты конференцийы федералон зылды субъекттæ равдыстой сæ инвестицион проекттæ. Цъæритты Алексей радзырдта логистикон парк саразыны проекты тыххæй. Куыстуат республикæйы 3-аг аз кусы. Фæлæ скълæдтæ æмæ транспорт нырма исы арендæйы. Ныр бизнесмены фæнды хи логистикон центр саразын æмæ балхæнын 10 уæзласæн машинæйы.
Æдæппæтæй Цæгат Ирыстон равдыста 3 проекты. Се ‘хсæн Беслæны хойраджы комбинаты консервон заводы рацарæзт æмæ интенсивон хуызы фæткъуыты дыргъдоны арæзтад. Уыдон æххæст кæныны фæрцы республикæйы фæзындзæн ног кусæн бынæттæ æмæ æфтиæгты бæрц фæфылдæр уыдзæн.
Хъæууон хæдзарад, металлурги, арæзтад. Цæгат Кавказы федералон зылды субъекттæ равдыстой 9 проекты алы къабæзты. Иумæйаг инвестициты бæрц – 8 миллиард сомæй фылдæр. Бизнесментæ сæ зæрдæ дарынц, сæ фæндтæ сæххæст кæнын чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинады райрæзты федералон корпорацийы æххуысæй.
Равзарын амалхъомдзинады хуыз, саразын бизнес-пълан, конкурентты тыххæй базонын, райсын кредитон продуктты тыххæй информаци. Уыдæттæ сæххæст кæнын ис федералон корпорацийы бизнес-навигаторы порталы фæрцы. Конференцийы арæзт æрцыд йæ презентаци.
Конференци æххæстгæнгæйæ ма, федералон корпораци, йæ банк æмæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет бафыстой бадзырд. Баныхас кодтой чысыл æмæ астæуккаг бизнесы райрæзты къабазы æмархайд кæнын. Форумы программæмæ гæсгæ ма арæзт æрцыдысты сæрмагонд æмбырдтæ. Æрныхас дзы кодтой, бизнес-æхсæнады ахадгæ фарстатыл.
Хъайтмазты Дзерассæ
темæмæ гæсгæ




