08 мая 2018, 12:36
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды турнир теннисæй
Ерыстæ сты гом, уымæ гæсгæ дзы архайынц æппæт Уæрæсейæ спортсментæ.
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды турнир теннисæй.
Ерыстæ сты гом, уымæ гæсгæ дзы архайынц æппæт Уæрæсейæ спортсментæ. Сæ арæхстдзинад æвдисынц 80 адæймаджы онг. Сты 20 регионæй. Чызджытæ æмæ лæппутæ ерыс кæнынц 2 кары категорийы – 13 азы онг æмæ 19 азы онг. Цæгат Ирыстонæй турниры архайы 30 спортсмены. Цæгат Кавказы федералон зылды гом турнир у æрвылазон. Дзæуджыхъæуы фыццаг хатт арæзт æрцыд. Ерыстæн хатдзæгтæ скæндзысты 11-æм майы. 2 категорийы дæр сбæрæг уыдзысты 3 хуыздæры.
темæмæ гæсгæ




