филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:47 понедельник, 06 мая 2024
28 октября 2013, 11:38
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Уæрæсейы чемпионат тхэквондойæ

Архайдтой дзы, се `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсментæ бæстæйы 21 регионæй. Уæрæсейы паратхэквондойы федерацийы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ам хорз

Архайдтой дзы, се `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсментæ бæстæйы 21 регионæй. Уæрæсейы паратхэквондойы федерацийы минæвæрттæ куыд зæгъынц, афтæмæй ам хорз фадæттæ ис ахæм турниртæ аразынæн.

Республикæйы Хицауады сæрдары, тхэквондойы федерацийы президент Такъоты Сергейы арфæты фæстæ спорты галуан «Манеж»-ы се спортивон арæхстдзинад æвдисын райдыдтой, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спортсментæ. Æдæппæтæй ерысты архайдта 70 паратхэквондисты Уæрæсейы 21 регионæй. Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæдтой 4 адæймаджы. 3 сыгъзæрин æмæ иу æвзист майдан. Ахæм бæрæггæнæнтимæ сæхи сæххæст кодтой бынæттæй бæстæйы иугонд командæйы.

Челæхсаты Рустем, РЦИ-Аланийы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр: «Æртæйæ бацахстой 1-аг бынæттæ, иу сси дыккаг. Иууылдæр бацæудзысты бæстæйы национ командæмæ. Фæсартæм цæудзысты сæ тыхтæ æвзарынмæ. Иууылдæр равдыстой рæсугъд хæст, сты фæзминаг, æмæ сын мæ зæрдæ зæгъы Уæлахиздзинад».

Виталий Назаренко фæуæлахиз дагестайнаг æмæ цæцæйнаг спортсментыл, æмæ афтæмæй сси фыццаг. Мæхъиты Азæмæт æмæ Хъуппеты Георгий хæцыдысты 80 килограммы онг уæзы. Сæ ныхмæлæуджыты куы рамбылдтой, уæд сæмбæлдысты финалы. Азæмæт бацахста фыццаг бынат, Гергий та – дыккаг.

Мæхъиты Азæмæт, чемпионаты архайæг: «Архайын фыццаг хатт. Мæ фыццаг хыл уыдис цæцæйнаг спортсменимæ. Уым рамбылдтон. Стæй нæхионимæ хыл кодтон, æмæ адих кодтам 1 æмæ 2 бынæттæ».

Гæзаты Спартак æртыккаг хатт сси Уæрæсейы чемпион. Йæ ныхмæлæууæг уыд Челябинскæй. Рамбылдта йæ 10:5 хыгъдæй. Йæ хæлæрттæ цы бæрæггæнæнтæ равдыстой, уыдонæй Спартак разы у. Куыд зæгъы, афтæмæй райгуырæн зæххыл кæй хæцыдысты, уый сын уæлдай бæрнондзинад уыд.

Гæзаты Спартак, чемпионаты архайæг: «Зын вæййы. Ома, адæймаг фæхъуыды кæны, куы фæхæрд уон. Уый фæтыхсын кæны. Искуы куы уай, уæд адæймаг уый бæрц нæ фæтыхсы. Уымæн æмæ йæ фæзонынц, уый бæрц адæм дæ сæрыл нæ хæцы».

Чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ арæзт æрцæудзæн Уæрæсейы иугонд командæ паратхэквондойæ. Йæ хыгъдмæ чи бацæуа, уыдон иннæ аз бæстæйы кад хъахъхъæндзысты æппæтдунеон турнирты.

Ерысты фæстæ чемпионаты архайджытæн æмæ уазджытæн æвдыст æрцыд киноныв «Сильные духом». Премьерæ уыд Дзæуджыхъæуы Кинойы хæдзары. Цымыдисаг уымæй у, æмæ сæйраг хъайтарты `хсæн сты 2 цæгатирыстойнаг паратхэквондисты – Гæзаты Спартак æмæ Виталий Назаренко.

«Сильные духом» у документалон киноныв. Уæрæсейы иугонд командæйы уæнгты дæнцæгæй æвдисы, йе `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæм, зындзинæдтæ нæ хынцгæйæ, куыд архайынц æххæст цардæй цæрыныл, уый. Проекты автор æмæ аивадон разамонæг Андрей Никишин куыд загъта, афтæмæй ма дарддæр кусдзæн кинонывыл, уымæн æмæ ацы адæмы уды фидардзинад æмæ миниуджытæ 50 минутмæ æххæстæй равдисæн нæй.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania