филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:49 среда, 17 декабря 2025
05 февраля 2018, 12:40
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыди, Сталинграды бынмæ немыцаг фашистты куы ныппырх кодтой, уый 75 азы кадæн митинг-концерт

Цæгат Ирыстоны театралон фæзмæ рацыди 2 мин адæймагæй фылдæр. Республикæйы хицауады æмæ Парламенты, администрацийы, политикон партиты, æхсæнадон организациты, æмæ фæсивæды минæвæрттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн бузныджы ныхæстæ дзырдтой сæ хъæбатырдзинады тыххæй.

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыди, Сталинграды бынмæ немыцаг фашистты куы ныппырх кодтой, уый 75 азы кадæн митинг-концерт
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыди, Сталинграды бынмæ немыцаг фашистты куы ныппырх кодтой, уый 75 азы кадæн митинг-концерт.
Цæгат Ирыстоны театралон фæзмæ рацыди 2 мин адæймагæй фылдæр. Республикæйы хицауады æмæ Парламенты, администрацийы, политикон партиты, æхсæнадон организациты, æмæ фæсивæды минæвæрттæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн бузныджы ныхæстæ дзырдтой сæ хъæбатырдзинады тыххæй. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй абон дæр Уæрæсейаг æфсад архайы бæстæйы сабырдзинад хъахъхъæныныл. Официалон хайы фæстæ республикæйы сфæлдыстадон къордтæ равдыстой концерт. Митинджы рахзмæ та Цæгат Ирыстонæй Волгоградмæ ацыди делегаци, легендарон тохы чи фæмарди, уыдоны рухс номæн кад скæнынмæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania