филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 пятница, 17 мая 2024
15 апреля 2013, 17:59
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты 15-æм республикон ерыстæ планерты æмæ бумерангты тæхæн модельтæй

Алы аз дæр арæзт æрцæуынц космонавтикæйы боны кадæн. Ерысты архайдтой 50 æрыгон техникы Беслæнæй, Мæздæгæй æмæ Дзæуджыхъæуæй. Лæппутæ æмæ чызджытæ ерыс кодтой дыууæ хуызмæ гæсгæ – планеры æхсæн æмæ бумерангæй.

Тæхæн аппараттæ хи къухтæй. Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты 15-æм республикон ерыстæ планерты æмæ бумерангты тæхæн модельтæй.

Алы аз дæр арæзт æрцæуынц космонавтикæйы боны кадæн. Ерысты архайдтой 50 æрыгон техникы Беслæнæй, Мæздæгæй æмæ Дзæуджыхъæуæй. Лæппутæ æмæ чызджытæ ерыс кодтой дыууæ хуызмæ гæсгæ – планеры æхсæн æмæ бумерангæй.

Алкæцыйы дæр сæ сбæрæг 3 уæлахиздзауы. Командæты `хсæн та фыццæгтæ систы сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны хъомылгæнинæгтæ. Дыккаг бынат саккаг кодтой сывæллæтты техникон сфæлдыстады республикон центры хъомылгæнинæгтæн. Æртыккаг бынаты сты Беслæны æвзонг техникты станцæйы ахуырдзаутæ.

Ерыстæ арæзт æрцыдысты ахуырады æмæ наукæйы министрады, стæй сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны хъæппæрисæй.

Томайты Георгий, ерысты архайæг:  «Æз ацы ерыстæм æрбацыдтæн Беслæнæй, ацы хæдтæхæг æз скодтон мæ ахуыргæнæгимæ æмæ мæ фæнды рамбулын».

Гæджиты Элимæ, ерысты архайæг:  «Гыццылæй нырмæ мæ тынг фæнды летчик суæвын, æмæ мæнмæ гæсгæ мын ацы спорт баххуыс кæндзæнис, уыцы фæндыгал дæрддæр ацæуын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania