филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:28 пятница, 10 мая 2024
01 марта 2013, 17:37
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты роботты техникон ерыстæ

Турниры иууылдæр архайдтой иухуызон æрмæджытæй, фæлæ конструктортæй цы куыстытæ сарæзтой, уыдон уыдысты алыхуызон. Роботты техникæйæ турнир республикæйы арæзт æрцыд фыццаг хатт. Архайдтой дзы Беслæны, Мæздæджы æмæ Дзæуджыхъæуы æвзонг лæппутæ.

Ахæм гыццыл робот сæмбырд кæнын æнцон нæу, хъæуы йыл бирæ бакусын, стæй компьютермæ сæрмагонд программæ бахæссын. Лæппутæй разынд ахæмтæ дæр æмæ йæ размæ ‘вæрд хæс 20 секундмæ чи сæххæст кодта. Турнир ацыд Челябинскы роботты ахуырадон центры кусджыты цæстдардæй. Дзæуджыхъæумæ ссыдысты ахуырад æмæ наукæйы министрадимæ æмгуыстады бадзырд бафыссыны тыххæй.

Ерысты уæлахиздзаутæн радтой кубоктæ æмæ майдантæ. Турнир æрмæст хиирхæфсынæн арæзт нæу. Афтæмæй æнцондæр бацæттæ кæнæн у, дæсны инженерты æмæ специалистты. Не мзæххонтæ ацы хъуыддаджы хуыздæр арæхсын куы райдайой, уæд республикæйы кад хъахъхъæндзысты дунеон ерысты дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania