филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:36 суббота, 21 сентября 2024
16 октября 2012, 10:14
Дзæуджыхъæуы ацыдысты теннисæй ерыстæ

Дзæуджыхъæуы ацыдысты теннисæй ерыстæ. Архайдтой дзы ацы спорты хуызы ветерантæ. Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн паркмæ арбацыдысты хуыздæр теннисисттæ æмæ сарæзтой ерыстæ.

Дзæуджыхъæуы ацыдысты теннисæй ерыстæ. Архайдтой дзы ацы спорты хуызы ветерантæ. Дзæуджыхъæуы фæлладуадзæн паркмæ арбацыдысты хуыздæр теннисисттæ æмæ сарæзтой ерыстæ. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ нымайынц традиционыл.

40 азы хъазынц фæлладуадзæн парчы
корттыл. Уæвгæ Цæгат Ирыстоны æппæты фыццаг корттæ ам фæзындысты. Зæгъæн
ис æмæ теннисы райрæзт дæр уæд райдыдта.

Уал азмæ та спорты ацы хуыз бауарзын кодтой цалдæр фæлтæрæн. Бирæтæ дзы сæ цард сбастой спортимæ, систы теннисисттæ.

Æмæ æхсызгон у, алкæмæндæр йæ бон ардæм
æрбацæуын кæй у, æмæ лæвар хъазын теннисæй. Ахæм бынæттæ горæты хъуамæ
уой фылдæр – ахæм у теннисы ветеранты иумæйаг хъуыды. Уæд фæсивæд дæр
разæнгард кæндзысты спортæй архайынмæ. Рæздзæн спортсменты нымæц.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania