Бутырины уынджы 10-æм хæдзары къулыл ын абон бакодтой мемориалон фæйнæг. Уыцы хæдзары Æхсарбег фæцард 20 азæй фылдæр, фæстаг рæстæг дзы куыста йæ наукон рауагъдадтыл, фыста йе `мбæлтты æмæ йе `мкусджыты тыххæй мысинæгтæ. Церетелийы æмæ Фрунзейы уынгты та абон мемориалон фæйнæгтæ байгом кодтой республикæйы зындгонд политиктæ Хъулаты Хъуыбады æмæ Хъæбæлоты Биларæн
Бутырины уынджы 10-æм хæдзары къулыл ын абон бакодтой мемориалон фæйнæг. Уыцы хæдзары Æхсарбег фæцард 20 азæй фылдæр, фæстаг рæстæг дзы куыста йæ наукон рауагъдадтыл, фыста йе `мбæлтты æмæ йе `мкусджыты тыххæй мысинæгтæ. Церетелийы æмæ Фрунзейы уынгты та абон мемориалон фæйнæгтæ байгом кодтой республикæйы зындгонд политиктæ Хъулаты Хъуыбады æмæ Хъæбæлоты Биларæн. Алчидæр сæ стыр æвæрæн бахаста республикæйы рæзтмæ. Хъулаты Хъуыбады Ирыстонæн разамынд лæвæрдта хæсты фæстæ. Архайдта адæмон хæдзарад райрæзын кæныныл. Хъæбæлоты Билары фæрцы та арæзт æрцыд Транскам. Галазты Æхсарбеджы разамынды рæстæг нæ республикæ нæ фæцудыдта нæуæдз дыккæгæм азты цауты. Стыр æххуыс кодта Хуссар Ирыстонæн дæр.
Абон номарæн мадзæлтты архайдтой нæ республикæйы хицауады уæнгтæ, горæты разамынд, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ.




