18 декабря 2013, 11:25
Дзæуджыхъæуы байгом кодтой сæйраг заз бæлас
Знон райсомæй Сæрибары фæзы æмбырд кæнын райдыдтой республикæйы цæрджытæ. Дыууын цыппар метры дæргъæн Ног азы бæрæгбоны фидауц саив кодтой, хæрзаудæн акци саразгæйæ.
Знон райсомæй Сæрибары фæзы æмбырд кæнын райдыдтой республикæйы цæрджытæ. Дыууын цыппар метры дæргъæн Ног азы бæрæгбоны фидауц саив кодтой, хæрзаудæн акци саразгæйæ. Расидтысты йæ киноисæн къорд «Елки-3»-йы минæвæрттæ: компани «Базилевс» æмæ Тимур Бекмамбетовы хæрзаудæн фонд «Подсолнух». Алкæмæн дæр фадат уыди заз бæлас сæхи хъазæнтæй саив кæнынæн. Æппæт фæрæзтæ дæр æрвыст æрцæудзысты рынчын сывæллæтты сдзæбæх кæнынæн.
Изæры фондз сахатыл та сæйраг заз бæласыл ссыгъдтой цæхæркалгæ цырæгътæ. Уазал кæй уыд, уый æрбацæуджытыл нæ фæбæрæг. Сæрибары фæзы арæзт æрцыд æцæг бæрæгбон. Бахъæлдзæг æй кодтой республикæйы сфæлдыстадон коллективтæ.
темæмæ гæсгæ