Газпромы горæтаг хайады сæйраг инженер Хетæгкаты Игоры ныхæстæм гæсгæ, уымæй размæ Дзæуджыхъæуы иуæй-иу районтæ фæхицæн кодтой газæй цалцæггæнæн куыстыты тыххæй.
Фæлæ йæ хæдзæрттæм афоныл нæ бауагътой. Ацы коммуналон лæггадмæ иуæй-иу бирæуæладзыгон хæдзæртты фенхъæлмæ кастысты суанг абоны сихоры онг. Газпромы горæтаг хайады сæйраг инженер Хетæгкаты Игоры ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ æппæт мадзæлттæ дæр фæуыдаиккой знон изæры, фæлæ бирæтæ сæ фатерты газы прибортæ ныууагътой гомæй. Цæмæй фыдбылызтæ ма `рцæуа, уый тыххæй нæ радтой газ. Абон специалисттæ зылдысты фатертыл æмæ бæрæг кодтой, газы прибортæ гом кæмæн уыдысты, уый. Ныртæккæ ма газ нæй æрмæстдæр Весеннийы æмæ Цоколайы-фырты уынгты цалдæр хæдзары. Фæлæ газдæттæг компанийы кусджытæ зæрдæ æвæрынц, абон æрдзон артаг бауадздзысты се ппæтмæ дæр.




