25 апреля 2014, 14:09
Дзæуджыхъæуы Бутырины уынджы кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон фæйнæг зындгонд паддзахдон æмæ партион архайæг Æгкацаты Владимирæн
Абон Дзæуджыхъæуы Бутырины уынджы кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон фæйнæг зындгонд паддзахдон æмæ партион архайæг Æгкацаты Владимирæн. Фыдыбæстæйы стыр хæсты
Абон Дзæуджыхъæуы Бутырины уынджы кадджын уавæры байгом кодтой мемориалон фæйнæг зындгонд паддзахдон æмæ партион архайæг Æгкацаты Владимирæн. Фыдыбæстæйы стыр хæсты уыд Советон Цæдисы мидхъуыддæгты цæгатирыстойнаг хайады хицау. 1943-æм азы майы уыди адæмон комиссарты Советы сæрдары хæдивæг. 1953-æм азы та йæ равзæрстой Цæгат Ирыстоны партийы обкомы фыццаг секретарæй. Æгкацаты Владимир нæ республикæйæн разамынд лæвæрдта 8 азы. Мемориалон фæйнæг ын байгом кодтой, кæм царди, уыцы хæдзары къулыл. Кадджын мадзалы архайдтой нæ республикæйы хицауады æмæ Парламенты уæнгтæ, Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, æхсæнадон архайджытæ, сфæлдыстадон интеллигенци.
темæмæ гæсгæ